Sputnik Хуссар Ирыстон сарӕзта поэтикон проект Sputnik.Кастытӕ

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæSputnik Хуссар Ирыстон сарӕзта поэтикон проект Sputnik.Кастытӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон сарӕзта поэтикон проект Sputnik.Кастытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект Sputnik.Кастытӕ-йы нысан у бирӕполярон дунейы адӕмы кӕрӕдзимӕ феввахсдӕр кӕнын зындгонд поэтикон уацмыстӕ кӕсыны руаджы, кӕцыты ӕвдыст цӕуынц бындурон хӕрзиуджытӕ - уарзондзинад, цард, алфамблай дунейы рӕсугъддзинад.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон сарӕзта ног проект Sputnik.Кастытӕ, кӕцыйы фӕлгӕтты зынгӕ ирон политиктӕ. Ӕхсӕнадон архайджытӕ, артисттӕ, нывгӕнджытӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ бакӕсдзысты гениалон ирон поэт Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ. Sputnik Хуссар Ирыстон ацы поэтикон эстафетӕ райста йӕ коллегӕтӕй Sputnik Молдовӕйӕ.

"Хуссар Ирыстон фыццаг хатт исы хайад ахӕм проекты. Sputnik.Кастытӕ —йы фӕлгӕтты зӕлдзысты стыр ирон поэт Къостайы уацмыстӕ, кӕцы Ирыстонӕн у, куыд Пушкин — Уӕрӕсейӕн, Шекспир та — Английӕн. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Къостайы сфӕлдыстады руаджы дуне хуыздӕр ӕмӕ арфдӕр базондзӕн Ирыстоны, ирон культурӕйы, ӕмӕ проект Sputnik.Кастытӕ уымӕн фӕуыдзӕн стыр ахъаз", — загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕг Нарек Ордян.

Проект Sputnik.Кастытӕ-йы нысан у бирӕполярон дунейы адӕмы кӕрӕдзимӕ феввахсдӕр кӕнын зындгонд поэтикон уацмыстӕ кӕсыны руаджы, кӕцыты ӕвдыст цӕуынц бындурон хӕрзиуджытӕ — уарзондзинад, цард, алфамблай дунейы рӕсугъддзинад.

Райдыдта проект Кыргызстаны 2015 азы марте. Хайад дзы райстой бӕстӕйы хицауады минӕвӕрттӕ, ӕхсӕнады ӕмӕ иавады сгуыхт архайджытӕ. Августы ацы поэтикон эстафетӕ райста Sputnik Молдовӕ дӕр.

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Оперативон ног хабӕрттӕй дарддӕр ма Sputnik йӕ аудиторийӕн дӕтты аналитикон ӕрмӕджытӕ, эксклюзивон интервьютӕ, экспертон хатдзӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0