"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фæдыл Фæдагурæн комитет райста ног æвдисæндзырдтæ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиФæдагурæн комитеты минæвар
Фæдагурæн комитеты минæвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр массон информацийы фæрæзтæ Цкъайы фырты идæдз усы ныхæстæй фехъусын кодтой, Цкъаты бинонты сыхаг кæй басаст, ома милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусæг Плиты Роланы кӕй фехста, ууыл.

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Фæдагурæн комитет бафидар кодта информаци, Дзæуджыхъæуы цæрæг кæй æрбацыд комитетмæ æмæ басаст, кæй фехста нæлгоймаджы, фыдзæрдæ йӕм кӕй хаста, уый аххосæй. Басастæй дарддæр ма нæлгоймаг бавдыста пистолет, кæцыйæ æрцыд æхст.

Раздæр МИФ Цкъаты Зифæйы ныхæстæй фехъусын кодтой, Цкъаты Владимиры сыхаг кæй бацыд Фæдагурæн комитеты фæдагурæн управленимæ æмæ басаст, кæй фехста милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусӕг Плиты Роланы.

"Нӕ сыхаг Быкуылты Марик бацыд Фæдагурæн комитеты фæдагурæн управленимæ æмæ басаст, хи бахъахъхъæныны тыххæй кæй фехста милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къорды кусӕг Плиты Роланы 31 октябры", — загъта Цкъаты Владимиры.

ФК-ы, нæмттæ ӕнæ зӕгъгæйæ, фехъусын кодтой, ныртæккæ уагъд кæй цæуынц фæдагурæн мадзæлттæ, сæрмагондæй æрфарст цæуынц зиан баййафæг æмæ æвдисæнтæ, афтæ ма скъуыддзаг цæуы, цы тæрхон рахастæуа фыдгæнæгæн.

Цкъаты Владимир амард Республикон клиникон рынчындоны, полицийы хайады æрфарсты рæстæджы. Цкъайы фырты буарыл уыд бирæнымæц цæфтæ æмæ фыдæвзарæнты фæдтæ.

"Цкъайы фырты" фæдыл æрцахстой полицийы æртæ кусæджы. Ацы хъуыддаджы фæдæвзарæн ис республикæйы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан æмæ Цæгат-Кавказаг федералон зылды УФ президенты æххæстбарджын минæвары аппараты хъусдарды бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0