Ахуыргӕнӕг: Цхинвалмӕ террористты ӕрбацыды тыххӕй дамдумгӕнджыты хъӕуы карзӕй бафхӕрын

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы 6-ӕм скъола
Цхинвалы 6-ӕм скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парижы теракты фæстæ æвæрд бомбæтæ æмæ атакæты тыххæй æртхъирæнтæ цæуынц æппæт дунейы. Оснеты æртыццæджы фæзынд хъусинæгтæ, кæцытæ фæдзæхсынц цхинвайлæгты, цæмæй уой къæрцхъус æмæ лæмбынæг сæ хъус дарой сæ сывæллæттæм.

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Полицæйагтæ цыппæрæмы ракодтой адæмы Балтийаг вокзалы территорийы цатырон хайæ æнæхицау хызыны тыххæй, фехъусын кодтой УФ барадхъахъхъæнæн органтæ.

Парижы теракты фæстæ æвæрд бомбæтæ æмæ атакæты тыххæй æртхъирæнтæ цæуынц æппæт дунейы. Оснеты æртыццæджы фæзынд хъусинæгтæ, кæцытæ фæдзæхсынц цхинвайлæгты, цæмæй уой къæрццхъус æмæ лæмбынæг сæ хъус дарой сæ сывæллæттæм. Ацы дам-думтæ тасы баппæрстой цæрджыты. Барадхъахъхъæнæн органты ацы хъусинæгтæ нӕ бафидар кодтой.

"Цхинвалы фæзынд 14 террористы. Иууылдæр сты ирæттæ, се `хсæн ис сылгоймаг. Уыдон зилынц скъолатыл æмæ рафæрс-бафæрс кæнынц, цы рæтты сты бахизæнтӕ æмæ рахизæнтæ. Паддзахадон лицейы фæкарздæр сты æдасдзинады мадзæлттæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Лицейы ахуыры хайады гæс загъта Sputnik, скъолайы алцыдæр кæй у сабыр, уæлдай ницы æдасдзинады мадзæлттæ ист цæуынц, ахуыры процесс цæуы æрвылбонон режимы.

"Ныййарджытæй бирæтæ æрбадзурынц, ацы хъусинæгтæ раст сты æви нæ. Ницы æцæгæлон адæм нæм уыд, фарстытæ дæр нæм ничи дæтта. Ныфс мæ ис, æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ кæй рафæлгъаудзысты, чи парахат кæны ацы дам-думтæ", — загъта уый.

Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы фехъусын кодтой, барадхъахъхъæнæн органтæм кæй нæй бæлвырд информаци. Мидхъуыддæгты министрад уадзы профилактикон мадзæлттæ, скъолатӕ хъахъхъæд цæуынц æрвылбонон режимы.

Ног хабӕртты лентӕ
0