РХИ æрсидт ЕЦ-мæ, цæмæй ма хæцой Тбилисы реваншистон тырнындзинæдты фарс

© Sputnik / Ада БагианРХИ æрсидт ЕЦ-мæ, цæмæй ма хæцой Тбилисы реваншистон тырнындзинæдты фарс
РХИ æрсидт ЕЦ-мæ, цæмæй ма хæцой Тбилисы реваншистон тырнындзинæдты фарс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Евроцæдис радон хатт фидарæй рахæцыд Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарс æмæ равдыста катайдзинад Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырды фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Евроцæдисы минæвæрттæ рæстæгæй рæстæгмæ æвдисынц солидарондзинад Тбилисимæ, гуырдзиаг позицийы кæд бындур нæй, уæддæр, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады.

Ассоциаци Евроцæдис-Гуырдзыстоны дыккаг рабадт уагъд æрцыд 16 ноябры. ЕЦ радон хатт фидарæй рахæцыд Гуырдзыстоны территориалон æнæхъæндзинады фарс æмæ равдыста катайдзинад Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы бадзырды фæдыл.

"Евроцæдисы позици никæй баппæрста дисы Хуссар Ирыстоны. Гуырдзиаг политиктæ æмæ дипломаттæ æнувыдæй сидынц Евроцæдисмæ, цæмæй рахæца сæ территориалон æнæхъæндзинады фарс. Евроцæдисы минæвæрттæ дæр регулярон æгъдауæй æвдисынц солидарондзинад Гуырдзыстоны хицауадимæ, кæд сæ позици бынтон æнæбындур кæд у, уæддæр", — дзырдæуы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусинаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад иу æмæ дыууæ хатт нæ хъусын кодта, Республикæ Хусар Ирыстон æмæ йæ территори кæй не сты æмæ никуы уыдысты Гуырдзыстоны хай, ацы факт ницæуыл нымайын та нысан кæны регионы сабырдзинад æмæ æдасдзинады ныхмæцыд.

Хуссарирыстойнаг æддагполитикон ведомствӕ æрсидт ЕЦ-мæ, цæмæй ма хæцой Тбилисы реваншистон тырнындзинæдты фарс.

Ног хабӕртты лентӕ
0