Гергиты Валерий ауагъта Майя Плисецкаяйы номарӕн концерт

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концертон программӕмӕ бацыдысты дунейон музыкӕйы хуыздӕр уацмыстӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Дунейы зындгонд ирон дирижер Гергиты Валерий ауагъта ӕртыццӕджы номдзыд балеринӕ Майя Плисецкаяйы номыл концерт, фехъусын кодтой Sputnik УФ президенты ЦИ ӕдзухон минӕварады пресс-службӕйы.

Уӕрӕсейаг балерина, Стыр театры прима Майя Плисецкая 90 азы кары йӕ цардӕй ахицӕн ацы аз майы. Чи йӕ зыдта, уыдон хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕ ацыдӕй аивгъудта балеты дунейы ӕгас ӕнус.

"Чайковскийы номыл концертон залы ацыд рухс номарӕн концерт "Майя. Болеро" Майя Плисецкаяйы тыххӕй. Номдзыд балеринӕйы кадӕн Мӕскуыйы Гергиты Валерийы сӕргълӕудӕй Мариинаг театры симфонион оркестр радта концерт", — загътой минӕвӕрады.

Мадзалмӕ ӕрбацыдысты РХИ минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр, афтӕ ма ирон студентты ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Концертон программӕмӕ бацыдысты дунейон музыкӕйы хуыздӕр уацмыстӕ —Малеры фӕндзӕм симфонийӕ "Adagietto", Родион Щедрины "Кармен-сюита", кӕцы уый сӕрмагондӕй ныффыста йӕ цардӕмбал Майя Плисецкаяйӕн (композитор йӕхӕдӕг дӕр уыд сценӕйыл), афтӕ ма Равелы "Болеро".

2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны агрессийы хӕд фӕстӕ, парламенты сыгъд бӕстыхайы раз, хӕсты амӕттӕгты номыл Гергиты Валерий Мариинаг театры оркестримӕ радтой концерт.

Ног хабӕртты лентӕ
0