Тыбылты Леонид: республикæйы террористты фæзынды фæдыл информаци у æнæбындур

© Sputnik / Руслан ТадтаевПрезидент Тыбылты Леонид
Президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымæ æнæкæсгæйæ, паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта райсын уæлдай контролы бынмæ социалон объекттæ иууылдæр æмæ РХИ-йы арæн Гуырдзыстонимæ.

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид фехъусын кодта, республикæйы террористты фæзынды фæдыл информаци кæй у æнæбындур, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ республикæйы тыхон структурæтæ раконд æрцыдысты фӕкарздӕргонд режиммæ. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Уæлдай контролы бынмæ ист ӕрцыдысты социалон объекттæ иууылдæр, уæлдайдæр та скъолатæ, сабидæттæ æмæ медицинон уагдæттæ.

Ахæм мадзæлттæ ист æрцыдысты, социалон хызæджы куы фæзынд информаци, ома республикæйы фæзынд зæрдæхсайгæ гоймæгтæ, кæцытæ цæттæ кæнынц террористон акттæ кæцыдæр скъолаты.

Тыхон структурæты минæвæрттимæ фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид банысан кодта, абон дунейы кæй фæзынд ног реалитæ æмæ террористтæн сæ бон кӕй у сæхи рафæлгъауын дунейы цыфæнды къуымы дæр.

Президенты уынаффæмæ гæсгæ, уæлдай контролмæ ист æрцыд Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæны периметр дӕр.

"Цы информаци нæм ис, уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй чидӕртӕ тох кæнынц Ислаймаг паддзахады фарс, æмæ мах хъуамæ бахъахъхъæнæм нæ республикæ, цæмæй нæ территоримæ ма æрбахъуыза зæрдæхсайгæ элементтæ. Хъуамæ уæм къæрцхъус, бахъахъхъæнæм нæ арæнтæ æмæ райсæм мадзæлттæ, цæмæй не ‘мбæстæгтæ сæхи хатой æдас", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Æмбырды рæстæджы лæвæрд æрцыд хæслæвæрдтæ, цæмæй ист æрцæуой мадзæлттæ ахуырадон уагдæтты æдасдзинады æмвæзад фæуæлдæр кæныны фæдыл, афтæ ма сæ сифтонг кæндзысты видеоцæстдарды системæтæй æмæ сæрмагонд турникеттæй.

Афтæ ма паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта нуазыны доны объектты хъахъхъæнынад фæкарздæр кæнын дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0