РХИ минӕварад хаты Мӕскуыйы прокурормӕ, цӕмӕй Плиты Жаннӕйы хъуыддагмӕ аздаха йӕ хъусдард

© Сайт Посольства РЮО в РФКомпозитор Плиты Жанна
Композитор Плиты Жанна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ныфс бавӕрдта, Плиты Жаннӕйӕн алыварсон ӕххуыс кӕй бакӕндзӕн.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы бахатыд горӕт Мӕскуыйы прокурормӕ ӕмӕ УФ мидхъуыддӕгты министрады горӕт Мӕскуыйы управленийы хистӕрмӕ, цӕмӕй зындгонд ирон пианисткӕйы ныхмӕ ӕнӕзакъонон архайдтыты басгарыны хъуыддаг бакӕной сӕ хъусдарды бын.

Музыканты фӕнадтой Мӕскуыйы 13 ноябры. Уый рынчындонмӕ бахауд гом сæргæхц ӕмӕ сæры магъзы травмӕимӕ ӕмӕ буары цӕфтимӕ. Цауы фӕдыл барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бакодтой уголовон хъуыддаг.

"Президент Тыбылты Леониды хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ минӕварады кусджытӕ бабӕрӕг кодтой композиторы рынчындоны. Минӕвар президенты номӕй загъта, Хуссар Ирыстоны хицауад ныфс кӕй дӕтты Плиты Жаннӕйӕн алыварсон ӕххуыс бакӕныны тыххӕй, уый нымӕцы барадон ӕгъдауӕй дӕр", — радзырдтой минӕварады.

Плиты Жанна — зындгонд музыкант, советон ӕмӕ уӕрӕсейаг пианисткӕ ӕмӕ композитор, 2002 азы Уӕрӕсейы паддзахадон премийы лауреат.

Ног хабӕртты лентӕ
0