Хуссар Ир иу боны æмгъуыдмæ æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ йæ арæн

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ир иу боны æмгъуыдмæ æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ йæ арæн
Хуссар Ир иу боны æмгъуыдмæ æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ йæ арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕн ӕхгӕд уыдзӕн къуырисӕры, 23 ноябры. Дыццæджы арæнгæрон хъæуты цæрджытæ арæны сæрты ногӕй хиздзысты æрвылбонон режимы.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Гуырдзыстонимæ къуырисæры, 23 ноябры уыдзæн æхгæд, фехъусын кодтой Sputnik РХИ паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæйы.

Къуырисæры республикæйы банысан кæндзысты Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон. Ацы боны цытæн Хуссар Иры уагъд æрцæудзысты бирæ мадзæлттæ.

"Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады боны цытæн цы мадзæлттæ уагъд цæуынц, уыдон æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй 23 ноябры Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункттæ уыдзысты æхгæд", — банысан кодта комитеты минæвар.

Уадзæн пункттæ æрвылбонон режимы скусдзысты дыццæджы, 24 ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0