Уæлахизы уынджы цæрджыты хъизæмæрттæ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы Уæлахизы уынг
Цхинвалы Уæлахизы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы уынгыл кæддæр асфальт уыд, уый фæсивæд хъуыды дӕр нæ кæны. Æрмæст хистæр кары адæм дзурынц, советон рæстæджы ацы уынг дыууæ хатт кæй бамбæрзтой асфальтæй, кæцыйæ абон фæд дæр нал аззад.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Козаты Дианæ. Цхинвалы Уæлахизы уынджы цæрджытæ дæргъвæтин рæстæг курæг сты алыгъуызон инстанцтæй, цæмæй сын æркæсой сæ уынджы уавæрмæ. Уырны сæ, сæ куырдиат æнæ хъусдардæй кæй нæ баззайдзæн. Sputnik уацхæссæг йæхи цæстæй федта, цы уагы ис абон ацы уынг.

Фæстаг азты столицæйы уынгты хæрзарæзтадæн æрвылмæй дæр хицæн цæуынц фæрæзтæ Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Æртæ азы мидæг сцалцæг кодтой æмæ асфальтæй бамбæрзтой 20 уынгæй фылдæр, фидæн азы нывæзтмæ та хаст æрцыдысты 11 уынджы. Фæлæ нырма бирæ уынгтæ ис, уæлдайдæр та горæтгæрæтты, кæцытыл ахæм хæрзиуæг æввахс рæстæджыты нæ сæмбæлдзæн.

"Бафæлладыстæм курын алыгъуызон инстанцтæй, цæмæй нын æркæсой нæ уынджы уавæрмæ. Уæхæдæг æвдисæн стут, цы уавæры ис — дон дзы никуы басур вæййы. Къæвда бонты сыхаг уынгты дон дæр æрæмбырд вæййы нæ уынгмæ. Донæй байдзаг вæййынц нæ ныккæндтæ дæр", — дзуры ацы уынджы цæрæг Багаты Валентинæ.

Мæскуыйаг микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мæскуыйаг" микрорайоны сцалцæг кæндзысты фæндаг

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ арæх вæййынц сæ уынгыл, цæмæй рацъирой сæ ныккæндты дон, кæцы æрæмбырд вæййы алы къæвдайы фæстæ дæр. Зымæджы та уынджы дæттæ куы ныссæлынц, уæд ыл ацæуын вæййы æцæг экстрим.

Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, таксийы шофыртæ арæх не `сразы вæййынц Уӕлахизы уынгмæ цæуын æвзæр фæндаджы тыххæй, йе та бынтондæр рахизын кæнынц пассажирты фæзилæны.

Ацы уынгыл кæддæр асфальт уыд, уый фæсивæд нæ хъуыды кæны. Æрмæст хистæр кары адæм дзурынц, советон рæстæджы ацы уынг дыууæ хатт кæй бамбæрзтой асфальтæй, фæлæ бирæ нæ алæууыд.

"Сыхаг уынгты цæрджытæ арæх хынджылæг кæнынц, ома цæуыл хъаст кæнæм, кæд æмæ æцæг денджызы был цæрæм", — дзуры иннӕ цæрæг Лианæ.

Æртыццæджы ацы уынгмæ фæуазæг бынæттон телеуынынады исæн къорд дæр, уый фæстæ сæм æрбацыдысты "цавæрдæр" адæм æмæ ныфс бавæрдтой, ацы уынгыл цалцæггæнæн куыстытæ кæй райдайдзысты тæккæ райсом.

"Цалынмæ ацы уынг рараст кæнæм, уæдмæ уал рацъирын хъæуы уынджы дон. Кæннод, куыд иннæ хæттыты, афтæ та асфальт æвиппайды æрцæудзæн кæлæддзаг уавæрмæ", — дзурынц цæрджытæ.

Мэрияйы пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, администрацийы цалцæггæнæн-арæзтадон управленийы кусджытæ кӕй кусынц сыхаг уынгыл, ӕмӕ куыддæр уым кæронмæ бакæной куыстытæ, афтæ рахиздзысты Уæлахизы уынгмæ.

Мэрияйы минæвары ныхæстæм гæсгæ, ацы куыстытæ æххæст цæуынц рагагъоммæ сфидаргонд нывæзтмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0