Хъайтар Кобылты Сергейы 100 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой конференцийӕ

© Sputnik / Плиты ФатимаСоветон Цӕдисы хъайтар Кобылты Сергейы 100 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой конференцийӕ
Советон Цӕдисы хъайтар Кобылты Сергейы 100 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой конференцийӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зонадон кусджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ ӕрдзырдтой хъайтары сгуыхтдзинӕдтыл, президент ныфс бавӕрдта, Цхинвалы йӕ ном хӕссӕг уынг хӕрзарӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн ӕрбалӕугӕ азы.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтар Кобылты Сергейыл 100 азы сӕххӕсты цытӕн Цхинвалы уагъд ӕрцыд зонадон конференци.

Кобылты Сергей — советон ӕфсады дæлбулкъон, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайӕг, Советон Цӕдисы хъайтар.

Цытджын мадзалы хайад райстой хъайтары цот, республикӕйы къухдариуӕгад, интеллигенци ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, афтӕ ма уазджытӕ Ирыстоны цӕгат хаййӕ дӕр.

© Sputnik / Плиты ФатимаСоветон Цӕдисы хъайтар Кобылты Сергейы 100 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой конференцийӕ
Советон Цӕдисы хъайтар Кобылты Сергейы 100 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой конференцийӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Советон Цӕдисы хъайтар Кобылты Сергейы 100 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой конференцийӕ

Кобылты Сергейы цард ӕмӕ хъайтардзинадыл цымыдисон доклад бакаст паддзахадон университеты доцент, историк Гатыгкоты Гиви. Уый банысан кодта, хӕсты рӕстӕджы Кобылы фыртӕн ӕй бантыст знаджы 27 хӕдтӕхӕджы ӕрӕппарын.

Историон зонӕдты кандидат Пухаты Къоста йӕ раныхасы ӕрдзырдта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты 34 ирон хъайтарыл ӕмӕ банысан кодта, уыцы нымӕцмӕ ма кӕй хъӕуы бафтауын хъайтарты, кӕцытӕн сӕ мыггӕгтӕ фыст уыдысты гуырдзиаг ӕфтауӕнтимӕ, фӕлӕ уыдысты ирон лӕппутӕ.

"Ӕз дзы банымадтон авд адӕймаджы ӕмӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, 34 хъайтары номхыгъдмӕ уыдон дӕр хъӕуы бафтауын", — загъта Пухаты Къоста.

РХИ президент Тыбылты Леонид банысан кодта, зӕгъгӕ ацы фарстытӕ лӕмбынӕг сахуыр кӕныны нысанӕн хъӕуы Ирыстоны дыууӕ хайы зонадон кусджытӕн иумӕйаг конференци саразын. Афтӕ ма бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ныфс бавӕрдта, Кобылты Сергейы уынг хӕрзарӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн ӕрбалӕугӕ азы.

"Йӕ хӕрзарӕзтад хаст ӕрцыд 2016 азы Инвестицион нывӕзтмӕ", — банысан кодта президент.

Мадзалы кӕрон хъайтары хъӕбулы хъӕбул Кобылты Лонда бузныджы ныхӕстӕ загъта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн, йӕ номдзыд дадайӕн ын кӕй кад кӕнынц, уый тыххӕй.

Кобылты Сергейӕн цыртытӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты Ирыстоны дыууӕ хайы дӕр, йӕ ном хӕссынц уынгтӕ Цхинвал, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Ростов-на-Донуйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0