РХИ-йы минæвар æмæ уæрæсейаг бизнесментæ æрдзырдтой республикæйы фадæттыл

© сайт посольства РЮР в РФРХИ-йы минæвар æмæ уæрæсейаг бизнесментæ æрдзырдтой республикæйы фадæттыл
РХИ-йы минæвар æмæ уæрæсейаг бизнесментæ æрдзырдтой республикæйы фадæттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд хъæууонхæдзарад æмæ фосдарыны проекттæм.

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæварад æмæ Мæскуы æмæ Владимиры областы бизнесментæ æрдзырдтой Хуссар Ирыстонмæ уæрæсейаг инвестивицитæ æрбаздахыны фадæттыл.

Дипмиссийы пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтæмæй фембæлды рæстæджы дзырд цыд уæрæсейаг хисæрмагонд компаниты инвестицитæ Хуссар Ирыстонмæ æрбаздахыны æмæ хъæууонхæдзарад æмæ фосдарыны къабазы проекттæ реализаци кæныны фадæттæм.

"РХИ-йы минæвар УФ-йы Гасситы Знауыр базонгæ кодта уазджыты Хуссар Ирыстоны домæнтимæ æмæ бæстæйы къухдариуæгады номæй ныфс бавæрдта æмгуыстадмæ цæттæдзинады тыххӕй", — радзырдтой пресс-службæйы.

Цæмæй хуыздæр бамбарой бизнесы райрæзты фадæттæ æмæ перспективæтæ, уый тыххæй Владимиры областы къухдариуæгад æмæ амолхъом къорды минæвæрттæ балцы æрцæудзысты Хуссар Ирыстонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0