Хуссар Ирыстоны фыццаг дипломатон паспорт райста Тыбылты Леонид

© Sputnik / Руслан ТадтаевРХИ президент Тыбылты Леонид
РХИ президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дипломатон паспорт лӕвӕрд цӕуы бӕстӕйы президентӕн, ӕххӕстгӕнӕг органты дипломатон кусджытӕн, парламенты депутаттӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн, кӕцытӕ сты президенты сфидаргонд номхыгъды. Пайда дзы кӕныц фӕсарӕнтӕм балцыты рӕстӕджы.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Цхуырбаты Хазбулат радта фыццаг дипломатон паспорт президент Тыбылты Леонидӕн, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Министр банысан кодта, ацы документы фӕрцы цӕуӕн кӕй уыдзӕн, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад цы бӕстӕтӕ банымадтой ӕмӕ дипломатон ахастытӕ кӕимӕ сфидар кодтам, уырдӕм.

"Дипломатон паспортимӕ балц кӕныны бар нӕй хисӕрмагонд хъуыддӕгты фӕдыл", — загъта Цхуырбаты Хазбулат.

Президент, документ райсгӕйӕ, банысан кодта ацы цауы ахсджиаг нысаниуӕг.

"Хуссар Ирыстон йе ‘мцӕдисон бӕстӕтимӕ фидар кӕны ӕхсӕнпаддзахадон ахастытӕ. Бирӕ фембӕлдтӕ нын вӕййы фӕсарӕнты. Дипломатон паспорты уæвынад у ахсджийаг къахдзӕф", — банысан кодта президент.

Дипломатон паспорт лӕвӕрд цӕуы бӕстӕйы президентӕн, ӕххӕстгӕнӕг органты дипломатон кусджытӕн, парламенты депутаттӕн ӕмӕ ӕндӕр адӕмӕн, кӕцытӕ сты президенты сфидаргонд номхыгъды. Пайда дзы кӕныц фӕсарӕнтӕм балцыты рӕстӕджы.

Ацы документ, министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕвӕрд цӕуы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады дӕлхайадтӕй сӕ иуы — консулон управленийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0