Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзысты Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ

© Sputnik / Ада багианЦхинвалы уагъд ӕрцӕудзысты Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ
Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзысты Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны дыууӕ хайы монон ӕгъдауӕй баиу кӕндзысты Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ "Рӕстуырнынад. Этнос. Культурӕ". Мадзал цӕудзӕн Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Цхинвалы 23 -25 ноябры.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ "Рӕстуырнынад. Этнос. Культурӕ"-ы иу хай уагъд ӕрцӕудзӕн Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков.

Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ райдыдтой Дзӕуджыхъӕуы 23 ноябры. 25 ноябры йӕ хайадисджытӕ ӕрцӕудзысты Цхинвалмӕ. Ам ацӕудзӕн тымбыл фынг Хуссар Ирыстоны чырыстон дины уавӕр ӕмӕ Аланийы дзуарӕфтыд райсыны 1100 азы юбилей банысан кӕныны фарстыты фӕдыл.

"Мадзалы ма нывӕзтмӕ гӕсгӕ каст ӕрцӕудзысты докладтӕ ирон адӕмы рагфыдӕлты уырнынады, Аланийы дзуарӕфтыд райсыны бӕлвырдгӕнӕнты, Ирыстоны-Аланаийы кульурӕйы, Рӕстуырнынады ӕндӕвдад ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл", — радзырдта фыд Иаков.

Уымӕй дарддӕр ма, динамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, 25 ноябыры уагъд ӕрцӕудзысты Хуыцауы скуывдтытӕ.

"Дзӕуджыхъӕуӕй Цхинвалмӕ цӕугӕйӕ мадзалы хайадисджытимӕ ауадздзыстӕм Хуыцаумӕ скуывдтытӕ Уанелы аргъуаны. Боны дыккаг ӕмбисы та Згъудеры Сыгъдӕг Джиуӕрджийы аргъуаны ауадздзыстӕм скуывдтытӕ уӕлахизхӕссӕг Джиуӕрджийы уазнывимӕ, кӕцы фӕстӕдӕр йӕ бынат ссардзӕн Джеры дзуары", — загъта уый.

Мадзалы фӕлгӕтты ма ацӕудзӕн чырыстон дины тыххӕй чингуытӕн презентацитӕ.

Сыгъдӕг —Джиуӕрджийы кастытӕ "Рӕстуырнынад. Этнос. Культурӕ" цӕудзысты 23-25 ноябры Ирыстоны дыууӕ хаййы дӕр. Мадзал организацигонд цӕуы Дзӕуджыхъӕуы Алайнаг епархи, РЦИ-А истори ӕмӕ археологийы инстиут ӕмӕ РЦИ-А паддзахадон университеты хъӕппӕрисӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0