Ирон богалтæ бацахстой фыццаг бынат Уӕрӕсейы фыццагады

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæИрон богалтæ бацахстой фыццаг бынат Уӕрӕсейы фыццагады
Ирон богалтæ бацахстой фыццаг бынат Уӕрӕсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон уæгъдибар хъæбысхæцджытæ ссисты Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзаутæ æмæ призертæ.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны фæсивæдон æмбырдгонд бацахста фыццаг бынат уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фыццагады Смоленскы, хъусын кæны газет "Слово".

Ерыстæ æрбамбырд кодтой 250 богалы бæстæйы 33 регионæй.

Ирон богалты къухты бафтыд фараст медалы. Сыгъзæрин майданты хицæуттæ баисты Коциты Заур (96кг) æмæ Байты Давид (66кг). Джиголаты Сослан(66кг) æмæ Хынцæгты Сослан (120кг) рамбылдтой æвзист майдантæ. Æртыккаг бынатыл та сты Гуцаты Алан (66кг), Гулаты Æхсарбег (74кг), Къæбысты Азæмæт (84кг), Цæллæгаты Сослан (96кг) æмæ Хуыбылты Хъазбег (120кг).

Ног хабӕртты лентӕ
0