Саулохты Мураты нывты равдыст байгом уыдзӕн Цхинвалы

© Sputnik / Радион ПухаевСаулохты Мураты нывты равдыст байгом уыдзӕн Цхинвалы
Саулохты Мураты нывты равдыст байгом уыдзӕн Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Саулохты Мурат йӕ 80 азы юбилеймӕ нал фӕцард ӕртӕ азы. Нывгӕнӕджы бинонты инициативӕмӕ гӕсгӕ Нывгӕнджыты цӕдис ӕмӕ культурӕйы министрад бацӕттӕ кодтой йӕ куыстыты равдыст.

ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Саулохты Мурӕты 80 юбилейы цытӕн Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн йӕ куыстыты равдыст, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады.

Саулохты Мурӕт у Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, сгуыхт ахуыргӕнӕг ӕмӕ аивӕдты сгуыхт архайӕг. Йӕ цардӕй ахицӕн 2012 азы 77 азы кары. Ацы аз нывгӕнӕг банысан кодтаид йӕ 80 азы юбилей.

"Ретроспективон равдыстмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдыдысты Саулохты Мурӕты куыстытӕ нывкӕнынады ахӕм здӕхӕнты, куыд графикӕ ӕмӕ хуызфыссынад", — радзырдта культурӕйы министрады нывкӕнынады фӕдыл сӕйраг специалист Цхуырбаты Джульетта.

Саулохты Мураты равдыст конд ӕрцӕудзӕн ПККЗ "Чермен"-ы 26 ноябры ӕмӕ архайдзӕн ӕртӕ къуырийы дӕргъы.

Мадзал организацигод цӕуы Саулохты Муратӕн йӕ бинонты инициативӕмӕ гӕсгӕ Нывгӕнджыты цӕдис ӕмӕ культурӕйы министрады ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0