ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой фондз арæнхалæджы, фехъусын кодтой Sputnik ПÆК-ы пресс-службæйы.
"Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы цур фадыджы арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой 1962, 1954, 1970, 1979 æмæ 1985 азты гуырд Гуырдзыстоны æмбæстæгты. Уыдон сты Гуры районы Ахалубани, Патара Меджврисхеви, Адзви æмæ Квешийы хъæуты цæрджытæ", — загъта ПÆК-ы минæвар.
Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрурæдтой арæны режим фехалыны цауы фæдыл.
Арæнхалджыты фæхæццæ кодтой ПÆК-ы арæнгæрон службæмæ дарддæры равзæрсты тыххæй.
"Æрцахсты рæстæджы Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм документтæ кæй нæ разынд, уый тыххæй ныртæккæ цæуы куыст арæнхалджыты гоймæгтæ сбæрæг кæныны фæдыл", — банысан кодтой ПÆК-ы.
Ведомствæйы ма банысан кодтой, 20 ноябры Знауыры районы Чорбаулийы хъæуы цы Гуырдзыстоны æмбæстаджы æрцахстой, уый фæдыл кæй цæуы слестгæнæн куыст. Бæрæг æрцыд, ацы æмбæстаг ма раздæрдæр — октябры мæйы аналогон фæткхалды тыххæй кæй уыд ахст æмæ хаста административон бæрн.