УФ генпрокуратурæ арвыста тæрхондонмæ Хуссар Ирыстоны ӕхцайы паплойы тыххæй хъуыддаг

© Sputnik / Руслан Кривобок /  Ахизын медиабанкмæУФ генпрокуратурæ
УФ генпрокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зылыны тæрхон раразмæ кодтой, 2010-2011азты РХИ-йы цы "Хуссар дирекци" куыста, уый къухдариуæггæнджытæй сæ иуы ныхмæ.

ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. УФ генпрокуратурæ арвыста тæрхондонмæ Хуссар Ирыстоны сæндидзæны рæстæджы 45 милуан сом ныппаплой кæныны тыххæй хъуыддаг, фехъусын кодта газет Коммерсантæн ведомствӕйы минæвар Марина Гриднева.

Зылыны тæрхон раразмæ кодтой, 2010 — 2011азты РХИ-йы цы "Хуссар дирекци" куыста, уый къухдариуæггæнджытæй сæ иуы ныхмæ.

"Генералон прокуроры хæдивæг Виктор Гринь сфидар кодта Федералон паддзахадон куыстуат "Хуссар Дирекци"-йы къухдариууæггæнджытæй иу — Павел Бегеба æмæ коммерцион организациты кусджытæ Александра Суворова æмæ Елены Слюсаревайы ныхмæ уголовон хъуыддаджы фæдыл аххосы хатдзæг", — загъта Гриднева.

Раздæр Уæрæсейы Фæдагурæн комитет сæххæст кодта ФПК " Хуссар Дирекци"-йы директоры раздæры хæдивæг Павел Бегеба æмæ йæ дæлбар Елены Слюсаревайы фæдыл уголовон хъуыддаджы фæдæвзарæнæн.

Бегебайы аххосджын кæнынц Хуссар Ирыстоны сæндидзæны рæстæджы 34,9 млн сом ныпаплой кæныны æмæ 45 млн сомы бæрц гæртам райсыны хъуыддаджы, Елена Слюсаревайы та — ацы хъуыддаджы æмархайды. Ноджы ма иу фигурант та фæдагуырды рæстæджы алыгъд фæсарæнтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0