ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр УФ-йы президент Владимир Путинæн йӕ къухмæ ратдзæн æууæнчы грамотæ, хъусын кæны РИА Новости.
Церемони уагъд цæудзæн цыппæрæмы Стыр Кремлы галуаны Александраг залы.
Æдæппæт Уæрæсейы президент райсдзæн æууæнчы грамотæтæ 15 фæсарæйнаг бæстæты — Республикæ Корея, Зимбабве, Хуссар Ирыстоны, Палестинæйы, Маврикийы, Панамæйы, Суданы æмæ Ирландийы минæвæрттæй.
Уымæй дарддæр ма Путин райсдзæн æууæнчы грамотæтæ Шри-Ланкайы, Бахрейны, Швецийы, Эстонийы, Малайзийы, Израилы æмæ Конгойы минæвæрттæй.