Хъӕрмады фарст Мӕскуыйаг микрорайоны

© Sputnik / Владимир Акоефф /  Ахизын медиабанкмæМӕскуыйаг микрорайон Цхинвалы
Мӕскуыйаг микрорайон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Мæскуыйаг" микрорайоны аст цæрæн корпусты цæрджытæй кæмæн куыд йæ бон у, афтæ хъарм кæны йæ фатер. Уый æмрæстæджы фатертæ хъарм кæныны тыххæй арӕзт ӕрцыд агдон, фæлæ æппæт тыхтæй нæ кусы.

ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Тадтаты Андрей. "Мæскуыйаг" микрорайоны бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ уазал рæстæджы æрбалæудимæ баиу кæнынц сæхи автономон хъармгæнæн системæтæ. Уый æмрæстæджы микрорайоны бирæфатерон хæдзæрттæн арæзт ис стыр агдон, кæцы хъуамæ ифтонг кæна хъармæй скъола æмæ дыууæ сабидоны. Æмæ кæд скъола куыддæрты исы хъарм, уæд 136 фатеры цæрджытæ та аззадысты æнæ централизацигонд хъӕрмадӕй.

"Хорз æмбарын, æнæхъæн горæт кæй ис ахæм уавæры, фæлæ кæд фадат ис хъармæй ифтонг кæнын микрорайоны фатертæ, уæд цæмæн хъуамæ уæм æнæхай ацы æнцойуатæй. Разы стæм æхца фидын дæр, уæддæр электрон хъармгæнæнтæн фидгæ кæнæм", — дзуры Sputnik фатерты цæрджытæй иу — Земæ.

Мæскуыйаг микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мæскуыйаг" микрорайоны сцалцæг кæндзысты фæндаг

Земӕйӕн ис дыууæ æнахъом сабийы. Æмæ цæмæй фатеры уа хъарм æмæ сывæллæттæ ма рынчын кæной, уый тыххæй хъармгæнæн системæ кусы æхсæвæй-бонæй. Уазал рæстæг мæй фиды 3-4 мин сомы. Афтæмæй ма фидынц газы æхца дæр — пайда кæнынц колонкæйæ.

"Фыдкуыстæй хъармгæнæнтæ арæх фехæлынц, æмæ та балхæнæм ногтæ. Рухс куы ахицæн вæййы, уæд фатертæ æвиппайды суазал вæййынц, æндæр фæрæзтæй схъарм кæныны уавӕр та нын нæй", — дзуры æндæр бынæттон цæрæг Верæ.

Фæлæ Sputnik "Энергоресурс"-ы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй рухсы ахицæнимæ агдон дæр ахицæн вæййы æмæ уæд скъола æмæ сабидæттæ дæр аззайынц æнæ хъармæй.

"Агдонæн фадат ис фатертæ хъармæй ифтонг кæнын, фæлæ цæрджытæ ацы лæггæдтæ куыд фиддзысты? Нæ дæр нын тарифтæ ис, нæдæр ацы лæггæдтæ фидыны механизмтæ. Мах ифтонг кæнæм хъармæй бюджетон къабаз, сæрмагонд секторæн нын нæй тарифтæ", — загъта "Энергоресурс"-ы генералон директор Гæбæраты Алан.

Горæты администрацийы ацы хъуыды бафтыдта дисы, ома кæд "Энергоресурс" æмбырд кæны рухс æмæ газы фиддонтæ, уæд сӕ хъӕрмады тыххæй дæр исæд, зӕгъгӕ.

"Махмæ дæр нæй хъӕрмады тыххæй фидыны механизмтæ æмæ тарифтæ. Уый хауы "Энергоресурс"-мæ",- загъта горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг.

Микрорайоны цæрджытæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй кæд фадат ис хъармдзинадæй ифтонг кæнын микрорайоны фатертæ, уæд цæмæн хъуамæ уой цæрджытæ æнæхай ацы æнцойуатæй? Æмæ цæмæн сты æнæхай ацы æнцойуатæй фондз азы мидæг, ацы хæдзæрттæм цæрджытæ куы балыгъдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ? Уый тыххæй, æмæ бæрæг нæу, цас æмæ куыд хъуамæ фидой цæрджытæ тæвдгонды тыххæй!

© Sputnik / Сергей Кузнецов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы хъармгæнæн хæдзарады куыст æрлæууыд 1990-æм азты райдианы
Котельная в микрорайоне. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы хъармгæнæн хæдзарады куыст æрлæууыд 1990-æм азты райдианы

Ацы проблемæтæ хорз зонгæ сты Цхинвалы цæрджытæн — хъармгæнæн хæдзарады куыст æрлæууыд 1990-æм азты райдианы, йæ фæстæ азты та йæ ифтонггарз æрцыд кæлæддзаг уавæрмæ, цæрджытæ та сæ хæдзæрттæ хъарм кодтой, сæйраджыдæр, суджы пецтæй.

2008 азæй фæстæмæ хъармгæнæн хæдзарад иу хайæ сцалцæг кодтой, ног агдонтæ хъарм кæнынц социалон æмæ административон бæстыхæйттæ, сæрмагонд къабаз та сæ хæдзæрттæ хъарм кæнынц, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ. Сæйраджыдæр, пайда кæнынц газы пецтæй, электрон хъармгæнæнтæй, науæд та — æвæрынц автономон хъармгæнæн системæтæ.

"Мæскуыйаг" микрорайон райдыдтой аразын 2008 азы августы хæсты фæстæ Мæскуыйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ, кæцы ацы арæзтадæн рахицæн кодта 2,5 миллиард сомы. Дыууæ азы мидæг Цхинвалы цæгатгæрон арæзт æрцыд 189 коттеджы æмæ аст 17-фатерон корпусы, афтæ ма скъола, дыууæ сабидоны, базарадон æмæ æнæниздзинадфидаргæнæн комплекстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0