ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Цхинвалы уагъд ӕрцыд Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ "Рӕстуырнынад. Этнос. Культурӕ"-йы кӕронбӕттӕнон хай. Тымбыл фынджы фарсмӕ дины кусджытӕ, ахуыргӕндтӕ, студенттӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ ӕруынаффӕ кодтой Аланийы дзуарӕфтыд райсыны историйыл, Цхинвалы уӕрӕсейаг рӕстдинон дзуары аргъуаны арӕзтадыл, Алайнаг епархийы банымайыны ӕмӕ ӕндӕр актуалон фарстытыл.
Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков йӕ раныхасы куыд банысан кодта, афтӕмӕй нырӕй фӕстӕмӕ ацы мадзал Хуссар Иры дӕр суыдзӕн традицион. Уый ма радзырдта, Алайнаг епархийы динамонджытӕ кӕй архайыц бӕстӕйы территорийыл ног аргъуантӕ саразыныл республикӕйӕ ацӕугӕ меценатты фӕрцы.
"Чысангом ӕмӕ Къударгомӕй ацӕугӕ адӕмы ӕххуысӕй нӕ фӕнды саразын аргъуантӕ ацы дыууӕ комы. Зӕгъӕм, Къуаисайы горӕтмӕ хӕстӕг иу лӕг йӕ мыггаджы зӕххытӕ дӕтты аргъуаны арӕзтадӕн. Уыдоны иууылдӕр фӕнды, цӕмӕй дыууӕ комы дӕр арӕзт ӕрцӕуой рӕстдинон аргъуантӕ, цыран Хуыцаумӕ скуывдтӕ цӕуой ирон ӕвзагыл", — банысан кодта фыд Иаков.
Мадзалы иууыл ахсджиагдӕр фарстытӕй сӕ иу уыд ирон адӕмы ӕхсӕн рӕстдинон уырнынады фӕзынды истори.
Официалон ӕгъдауӕй ацы аз нысан цӕуы, Алани чырыстон дзуарӕфтыд куы райста, уыцы цауы 1100 азы юбилей, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ис ӕндӕр архивон документтӕ ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ.

РХИ паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим ӕрдзырдта мадзалы ӕвӕрццаг нысаниуӕгыл, фӕлӕ хъусдард аздӕхта Алайнаг епархийы проблемӕтӕм дӕр.
"Ӕз Хуыцаумӕ скувын куыд Цхинвалы, афтӕ Дзӕуджыхъӕуы дӕр. Ссудзын цырӕгътӕ Цхинвалы Мадымайрӕмы аргъуаны ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы Сыгъдӕг Джиуӕрджийы аргъуаны дӕр. Иу адӕм стӕм, ис нын иу культурон тыгъдад. Ӕмӕ хъӕуы архайын цӕмӕй, Алайнаг епархи нымад ӕрцӕуа уӕрӕсейаг рӕстдинон аргъуаны фарсӕрдыгӕй", — загъта ректор.
Уӕрӕсейаг рӕстдинон дзуар ныр цалдӕр азы фӕнд кӕны Цхинвалы центры аргъуан саразын. Ацы фарст та ныр дӕр ссис хъаугъайаг. Уӕрӕсейаг рӕстдинон дзуар Алайнаг епархийы нӕ нымайы ӕмӕ йӕ хӕссы Гуырдзиаг дзуары территоримӕ. Тымбыл фынджы рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы алайнаг епархийы минӕвӕртты бафарстой, арӕзтады тыххӕй Гуырдзиаг рӕстдинон аргъуанӕй бар ракуырдтой, ӕви нӕ. Фыд Дмитрий ацы фарстӕн бӕлвырд дзуапп нӕ радта, ӕрмӕст банысан кодта, зӕгъгӕ, сӕйраг у, цӕмӕй рӕстдинонтӕн уа Хуыцаумӕ скувӕн бынӕттӕ.
Дзырд ма цыд аргъуанты архитектурӕ ӕмӕ историон хуыз бахъахъхъӕныны ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл дӕр.
Кастытӕ адарддӕр кодтой Згъудеры уӕвӕг Сыгъдӕг Джиуӕрджийы аргъуаны скуывдтытӕй уӕлахизхӕссӕг Джиуӕрджийы уазнывимӕ, кӕцы фӕстӕдӕр йӕ бынат ссардзӕн Джеры дзуары.
Сыгъдӕг Джиуӕрджийы кастытӕ "Рӕстуырнынад. Этнос. Культурӕ" цыдысты 23-25 ноябры Ирыстоны дыууӕ хаййы дӕр. Мадзал организацигонд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы Алайнаг епархи, РЦИ-А истори ӕмӕ археологийы инстиут ӕмӕ РЦИ-А паддзахадон университеты хъӕппӕрисӕй.