Президент фембæлд Хуссар Ирыстоны бирӕсывӕллонджын мæдтимæ

© Sputnik / Ада БагианМады бон
Мады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сылгоймæгтæ æрдзырдтой президентæн сæ царды тыххæй, бирæсывæллонджын бинонты сабиты хъомыл кæныны зындзинӕдты тыххæй æмæ загътой бузныджы ныхæстæ æххуысы тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Мады боны Тыбылты Леонид фембæлд бирæсывæллонджын мæдтимæ, Ирыстоны фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты мæдтимæ æмæ республикæйы районты цæрæг сылгоймæгтимæ.

Сылгоймæгтæ æрдзырдтой президентæн сæ царды тыххæй, бирæсывæллонджын бинонты сабиты хъомыл кæныны зындзинӕдты тыххæй æмæ загътой бузныджы ныхæстæ æххуысы тыххæй. Проблемæтимæ базонгæйы фæстæ, президент уайтагъд бахæс кодта районты сæргълæуджытæн, цæмæй бирæсывæллонджын бинонтæ электроэнергийы æхца фидой уæлбар фидыны системæмæ гæсгæ, афтæ ма Ирыстоны фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты мæдты социалон хъахъхъæнынады фарстыл бакусын. Знауыры районы дыууæ бирæсывæллонджын мæдтæн Тыбылты Леонид балæвар кодта хъæрмуаттæ.

© Sputnik / Ада БагианМады бон Цхинвалы
День матери - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мады бон Цхинвалы

Президент раарфæ кодта сылгоймæгтæн Мады боны цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ.

"Айсут мæ зæрдæбын арфæтæ ацы рæсугъд æмæ райдзаст бæрæгбон — Мады боны цытæн! Зæххы къорийыл мадæй зынаргъдæр нæй! Мæ сæр къул кæнын уæ зын куысты раз, уымæн æмæ сымах, сывæллæттæ хъомылгæнгæйæ, æппæт тыхтæ здахут Ирыстоны фидæны хæрзæбонæн", — загъта президент.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, кæй бахæс кодта президенты администрацийæн, цæмæй бацæттæ кæной сывæллæтты барты фæдыл Æххæстбарджын минæвары бынат сфидар кæнын æмæ ацы бынатмæ бавдисын кандидатурæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0