Путин: Уӕрӕсе ӕххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн ӕмӕ йын хъахъхъӕндзӕн йе ‘дасдзинад

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæУФ президент В.Путин
УФ президент В.Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кремылы уагъд цӕуы УФ президент Владимир Путинӕн æууæнчы грамотæтæ раттыны церемони. Хуссар Ирӕй дарддæр ма Путин æууæнчы грамотæтæ исы дунейы 14 бӕстӕйы минӕвӕрттӕй.

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Уӕрӕсе алыварсонӕй дӕр ӕххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн ӕмӕ йын хъахъхъӕндзӕн йе ‘дасдзинад, банысан кодта цыппӕрӕмы УФ президент Владимир Путин æууæнчы грамотæтæ райсыны церемонийы.

"Ацы аз марты мӕйы Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ир бафыстой ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд. Йӕ нысан — сфидар кӕнын ӕмгуыстад экономикон, социалон ӕмӕ гуманитарон фадгуыты, афтӕ ма хъахъхъӕнынады фадыджы дӕр. Мах дарддӕр дӕр алыварсонӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм республикӕйӕн ӕмӕ йын хъахъхъӕндзыстӕм йе ‘дасдзинад", — загъта Путин.

Ӕууæнчы грамотæтæ райсыны церемони уагъд цæуы Стыр Кремлы галуаны Александраг залы.

Хуссар Ирӕй дарддæр ма Путин æууæнчы грамотæтæ исы Шри-Ланкайы, Бахрейны, Швецийы, Эстонийы, Малайзийы, Израилы æмæ Конгойы минæвæрттæй.

Æдæппæт Уæрæсейы президент райсдзæн æууæнчы грамотæтæ 15 фæсарæйнаг бæстæты — Республикæ Корея, Зимбабве, Хуссар Ирыстоны, Палестинæйы, Маврикийы, Панамæйы, Суданы æмæ Ирландийы минæвæрттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0