Хуссар Ирыстоны фæзындзæн журналистты фыццаг паддзахадон преми

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Гобозты Вячеслав
Хуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæргълæууæг Гобозты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæд æмæ республикæйы къухдариуæгад сразы уа Хуссар Ирыстоны журналистты фыццаг паддзахадон премийæн бындур æрæвæрыны хъæппæрисимæ, уæд хорзæхтæ лæвæрд æрцæудзысты ацы азы кæрон.

ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитет раразмæ кодта хъæппæрис, цæмæй арæзт æрцæуа æрвылазон паддзахадон журналистон преми "Арвайдæн", фехъусын кодта цыппæрæмы Sputnik ведомствӕйы сæргълæууæг Гобозты Вячеслав.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, премийы ном нырма у кусæгон, æмбæлон документтæ цалдæр боны æмгъуыдмæ æрвыст æрцæудзысты президент æмæ хицауадмæ.

"Хуссар Ирыстоны иунæг паддзахадон преми дæр нæй, кæцы аргъ кæнид Массон информацийы фæрæзты æнтыстытæн, журналистты куыстæн. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы хорзæх уаид ахъаз журналистты дæсниад æмæ квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн", — загъта комитеты сæргълæууæг.

Уый ма банысан кодта, "Арвайдæн" Ирыстоны кæй суыдзæн фыццаг журналистон преми æмæ хорз уаид, ацы æнхъарæн хорзыл куы банымаид президент.

"Гъæдджын массон информацийы фæрæзтæ нæ кæй хъæуы, журналистты квалификаци бæрзонддæр кæнын кæй хъæуы, журналисты профессийы престиж бæрзонддæр кæнын кæй хъæуы, уыдæттыл дзургæйæ, банысан хъæуы æмæ преми фадат кæй дæтты, цӕмӕй ацы тырнындзинæдтæ къухты бафтой", — банысан кодта Гобозты Вячеслав.

Уый ма загъта, æмæ кæд республикæйы къухдариуæгад сразы уа Хуссар Ирыстоны журналистты фыццаг паддзахадон премийæн бындур æрæвæрыны хъæппæрисимæ, уæд фыццаг преми лæвæрд æрцæуид ацы азы кæрон.

Ног хабӕртты лентӕ
0