Саулохты Мурӕты 80 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой йӕ нывты равдыстӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваСаулохты Мурӕты 80 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой йӕ нывты равдыстӕй
Саулохты Мурӕты 80 азы юбилей Цхинвалы банысан кодтой йӕ нывты равдыстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырахстджын курдиаты хицау нывгӕнӕджы 80 азы юбилейыл абон йӕ сфӕлдыстадӕн табугӕнджытӕ ӕмбӕлынц йӕ куыстыты равдысты. Саулохты Мурӕты хъарм ӕмӕ райдзаст миддунеимӕ базонгӕ кӕныны фадат уыдзӕн аивадуарзджытӕн ӕртӕ къуырийы дӕргъы.

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Саулохты Мурӕты нывты равдыст фыццаг хатт йӕ амӕлӕты фӕстӕ байгом ис Цхинвалы. Мадзал ӕрбамбырд кодта ӕнахуыр бирӕ адӕм, равдыстадон залы адӕмӕй азмӕлӕн дӕр нал уыд. Ардӕм ӕрбацыдысты нывгӕнӕджы бинонтӕ, интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, хицауад ӕмӕ парламенты уӕнгтӕ ӕмӕ йын йе ‘сфӕлдыстадӕн чи аргъ кодта, ӕппӕт уыцы адӕм.

© Sputnik / Фатима ПлиеваРавдыстмӕ ӕрбацыдысты нывгӕнӕджы бинонтӕ, интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, хицауад ӕмӕ парламенты уӕнгтӕ ӕмӕ йын йе ‘сфӕлдыстадӕн чи аргъ кодта, ӕппӕт уыцы адӕм.
Выставка Мурата Шавлохова  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Равдыстмӕ ӕрбацыдысты нывгӕнӕджы бинонтӕ, интеллигенцийы минӕвӕрттӕ, хицауад ӕмӕ парламенты уӕнгтӕ ӕмӕ йын йе ‘сфӕлдыстадӕн чи аргъ кодта, ӕппӕт уыцы адӕм.

Мадзалмӕ ӕрбацӕуӕг адӕм Ирыстоны зӕхмӕ ӕппындӕр куы никуы ӕрбакъахдзӕф кодтаиккой, уӕддӕр Саулохты Мурӕты сфӕлдыстады фӕрцы базонгӕ уыдаиккой йӕ ӕрдзы рӕсугъддзинадимӕ, хъӕздыг культурӕ ӕмӕ историимӕ. Нывгӕнӕджы куыстыты ирдӕй ӕвдыст ӕрцыдысты Нарты хъайтартӕ, Ирыстоны хӕхтӕ ӕмӕ кӕмттӕ, хъӕууон цардуаг, Цхинвалы пейзажтӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаРабота Мурата Шавлохова
Работа Мурата Шавлохова  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Работа Мурата Шавлохова

Кӕд адӕмон нывгӕнӕг йӕ цардӕй ахицӕн ӕртӕ азы размӕ, уӕддӕр равдыстадон залы айхъуыст нывгӕнӕджы хъӕлӕс — ӕрӕмбырдуӕвджытӕн равдыстой архивон кинонывтӕ, цыран Саулохты Мурат дзырдта йӕ цард ӕмӕ йе ‘сфӕлдыстадон фӕндагыл.

Нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Цхуырбаты Тамерлан йӕ раныхасы банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд нывгӕнӕг, хъыгагӕн, удыгас нал у, уӕддӕр йе ‘сфӕлдыстады фӕрцы абон дӕр лӕууы йӕ адӕмы фарсмӕ.

Саулохты Мураты куыстытӕй адӕмы размӕ рахастой 50, фӕлӕ йын тынг бирӕ нывтӕ ис сӕрмагонд коллекциты ӕмӕ музейты.

"Йӕ куыстытӕй мын Мурӕт балӕвар кодта Уастырджийы ӕмӕ Сыгъдӕг Джиуӕрджийы уаз нывтӕ. Уыдон мын уыдысты парламенты бӕстыхайы ӕмӕ 2008 азы хӕсты рӕстӕджы басыгъдысты. Мӕхицӕн ӕй никуы ныббардзӕн, кӕй нӕ бахъахъхъӕдтон ме ‘мгары лӕвӕрттӕ", — радзырдта нывгӕнӕджы ӕмкъласон, парламенты сӕрдары хӕдивӕг Мамиты Инал.

Фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитоны хъуыдымӕ гӕсгӕ, Мурӕт сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ хорз гоймаг кӕй уыд, уый ирдӕй зыны йе ‘сфӕлдыстады — ис ын тынг бирӕ райдзаст куыстытӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимаСаулохты Мурӕты куыст
Саулохты Мурӕты куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Саулохты Мурӕты куыст

Саулохты Мурӕт скодта йӕ фыды ныв дӕр, ацы куыст дӕр фенӕн ис йӕ равдысты. Йӕ фыд Хъырым уыд дӕсны нывисӕг. Профессор Плиты Гацыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Мурӕт бинонтӕй рахаста йӕ хорз миниуджытӕ.

"Хӕдзары фарн нӕ сӕфы. Мурӕт бинонтӕй рахаста уӕздандзинад ӕмӕ ӕфсӕрмдзинады хорз миниуджытӕ. Йӕ нывтӕ иууылдӕр зӕрдӕйыл ӕмбӕлынц, иууылдӕр ын сты баст хӕхбӕстимӕ. Ӕмӕ Ирыстоны ахӕм ирд ахорӕнтӕй кӕй равдыста, уымӕй стыр лӕггад бакодта йӕ раттӕг адӕмӕн", — загъта Плиты Гацыр.

Равдыст гом уыдзӕн ӕртӕ къуырийы дӕргъы. Мадзал организацигод ӕрцыд Саулохты Муратӕн йӕ бинонты инициативӕмӕ гӕсгӕ Нывгӕнджыты цӕдис ӕмӕ культурӕйы министрады ӕмархайдӕй. Йӕ амӕлӕты фӕстӕ ма нывгӕнӕджы бирӕ хорзӕхтӕм бафтыд ноджы иу — Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми.

Саулохты Мурӕт у Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг, сгуыхт ахуыргӕнӕг ӕмӕ аивӕдты сгуыхт архайӕг. Йӕ цардӕй ахицӕн 2012 азы 77 азы кары. Ацы аз нывгӕнӕг банысан кодтаид йӕ 80 азы юбилей.

Ног хабӕртты лентӕ
0