IBF-йы версимæ гæсгæ æвзæрстон тох Гасситы Мурæт - Айзея Томас уагъд æрцæудзæн декабры

© Фото из архиваИрон боксер-профессионал Гасситы Мурæт
Ирон боксер-профессионал Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азы кæронмæ Гасситы Мурæт ауаддзæн тох америкæйаг Айзея Томасимæ.

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik. Ирон боксер-профессионал Гасситы Мурæт азы кæронмæ ауаддзæн IBF-йы титулæн æнæмæнгхъæуæг претенденты статусы тыххæй æвзæрстон тох, хъусын кæны AllBoxing.Ru.

Тох Гасситы Мурæт — Яго Киладзе IBF-йы версимæ гæсгæ дунейы чемпионы роны хицау бауыны тыхæй хъуамæ уагъд æрцыдаид 28 ноябры Дюссельдорфы (Герман). Æбæрæг æфсонæй Яго нал сразы нæ спортсменимæ тох кæнын.

Промоутерон компанийы "Урал Бокс Промоушен"-ы директор Алексей Васильев фехъусын кодта, кæй ис гæнæн, æмæ декабры Гасситы Мурæт фембæла 26-аздзыд америкæйаг Айзея Томасимæ, кæцы иу хатт дæр никуы фембылд.

"Мах активонæй архайæм Томасы командӕимæ æмæ нæ ныфс ис, фарст кæй аскъуыддзаг уыдзæн æвæрццагæй. IBF-йы рейтингы Томасæй уæлдæр цы боксертæ лæууынц, уыдон алыгъуызон æфсæнттæй не сразы сты йемæ стох кæнын. Ныфс мæ ис, æмæ ацы тох уагъд æрцæудзæн ацы азы кæронмæ АИШ-ы", — загъта Васильев.

Раздæр ныхмæлæуд Мурæт ауагъта 13 июны æмæ дыккаг раунды фæуæлахиз 39-аздзыд америкæйаг Родни Мурыл.

Гасситы Мурæт у дунейон чемпион фӕсивӕды 'хсӕн WBC-йы версимӕ гӕсгӕ, Европӕйы чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ, дунейы интерконтиненталон чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ. Цыппаразон профессионалон спортивон карьерæйы мидæг Гасситы Мурæт ауагъта 22 тохы ӕмӕ сӕ алкӕцыйы дӕр ссис уӕлахиздзау, 16 тохы йæ ныхмæлæуджыты арвыста нокауты.

Октябры боксер схызт æртыккаг позицимæ Боксерты æхсæнадæмон федерацийы ранæуæггонд рейтингы, Айзея Томас та ацы рейтингы ис 14 бынатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0