Тыбылты Леонид: террористты активизаци Сирийы исы егъау масштабтæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевХуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид
Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент радта комментаритæ Сирийы конфликты фæдыл Турчы позицийы тыххæй ӕмӕ банысан кодта, республикæ разы кæй у УФ-йы позициимæ дунейон терроризмы ныхмæ тохы.

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik. Сирийы конфликты фоныл дунейон терроризмы тыхты активизаци исы егъау масштабтæ æмæ æфтауы катайы, загъта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид, фехъусын кодтой Sputnik майрæмбоны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæйы.

"Исламаг паддзахады (ИП) террористтæ æргомæй цæуынц æрмæст дунейон гуманитарон барады ныхмæ нæ, фæлæ ма æппæтдунейон моралы бындурты æмæ дунейон динты фæдзæхстыты ныхмæ. Террористон активизацийы цæхгæр фæуæрæхгонд масштабтæ, æнæпрецедентон къæйныхдзинад æмæ фыдгæнджыты æдзæсгомдзинад дывæр кæнынц ИП-йы фарс цы паддзахадтæ лæууынц, уыдоны хицауады позици", — банысан кодта президент.

Тыбылты Леонид банысан кодта, æрæджыйы онг уыцы паддзахадтæ исламисттимæ разыдзинад кæй æмбæхстой политикон риторикæйы фæстæ, "фæлæ уæрæсейаг æфсæддон авиакъорды æххуысæй сириаг æфсады æнтыстытæ равдыстой ИП-йы аудджыты мæнг цæсгом".

"Сирийы территорийы сæрмæ уæрæсейаг хӕдтӕхӕгыл атакæйы фæстæ Анкарайы хицауад схуыдта ИП "хорз организацигонд æмæ популярон паддзахадон системæ" æмæ загъта, æнæмæнгхъæуæг кæй у ИП банымайын. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, дард нæу уыцы бон æмæ Сирийы террористтæ куы æрцæудзысты куынæг", — загъта президент.

Тыбылты Леонид банысан кодта, Хуссар Ирыстон хорзыл кæй нымайынц Сирийы дунейон терроризмы ныхмæ УФ æмæ йæ æхсæнадæмон партнертæ цы мадзæлттæ исынц, уыдон. Банысан ма кодта, дунейон æмбалад кæй "хъуамæ ралæууа иумæйаг фронтæй" исламаг радикалты ныхмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0