Парламент фæкарздæр кодта машинæ нозтджынæй скъæрыны тыххæй æфхæрд

© Sputnik / Антон Максименко /  Ахизын медиабанкмæПарламент фæкарздæр кодта машинæ нозтджынæй скъæрыны тыххæй æфхæрд
Парламент фæкарздæр кодта машинæ нозтджынæй скъæрыны тыххæй æфхæрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шофыртæн фадат нал ис сæхи аиуварс кæнын нозты фæдыл медицинон басгæрстæй æртæ мин сом ивар бафидыны фæстæ. Нырæй фæстæмæ ахæм ивар нымад цæудзæн, куыд нозтджынæй скъæрыны сбæлвырдгонд цау.

ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент фæкарздæр кодта автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй æфхæрд. Закъондзинад, закъондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Олесяйы хъуыдымæ гæсгæ, фæндагон змæлды уагæвæрд фехалыны фæдыл закъоны ныры редакцийы ис бирæ хъӕндзинӕдтӕ, кæцытæ фадат дæттынц шофыртæн æфхæрдæй аирвæзынæн.

Уый банысан кодта, шофырæн йæ бон кæй у йæхи нозты фæдыл медицинон басгæрстæй аиуварс кæнын æртæ мин сом ивар бафидыны фæстæ. Уый æмрæстæджы нозтджынæй автотранспорт скъæрыны сбæлвырдгонд цауы тыххæй санкцийы бæрц та у 20 мин сомы.

"Закъонимæ чидæриддæр зонгæ у, уыдон дзы уынынц бæлвырд ахъуызæн. Уымæ гæсгæ, ныр медицинон басгæрстæй хи аиуварс кæныны тыххæй ивар æмæ нозтджынæй скъæрыны тыххæй иварæн уыдзæн иу аргъ — 20 мин сомы", — загъта комитеты сæргълæууæг.

Кæд шофыр ногæй фехала закъон, уæд йæ автотранспортыл скъæрыны бартæ ист æрцæудзысты 1,5 — 2 азы æмгъуыдмæ. Кæд æмæ йæ бартæ ист кæмæн сты, уыцы шофыр уæддæр аскъæра машинæ, уæд та йæм æнхъæлмæ кæсы 30 мин ивар, кæнæ 10-15 суткæ ахæстоны баконд.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты закъонмæ барастгæнинæгтимæ. Закъоны ног редакци æрвыст æрцæудзæн президентмæ къух бафыссыны тыххæй æмæ йæ тыхы бацæудзæн паддзахадон массон информацийы фæрæзты публикацийы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0