ЦХИНВАЛ, 27 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы цытджын уавӕры бакодтой ногарӕзт скъола ӕмӕ культурӕйы хӕдзар. Социалон нысаниуӕгджын объектты арӕзтады фӕудыл бӕрӕгбонау сӕмбӕлдысты ӕгас комы цӕрджытӕ.
Ног скъолайы агъуыстимӕ фӕстейӕ аззадысты скъоладзауты, ахуыргӕнджыты ӕмӕ хъӕуы цӕрджыты фыдӕбӕттӕ — скъолайы раздӕры бӕстыхай уыд аварион уавӕры ӕмӕ йын тӕссаг уыд ӕркӕлынӕй. Ныр къуырисӕрӕй ахуыры процесс райдайдзӕн ног агъуысты.
Скъола сцӕттӕ кӕныныл архайдта арӕзтадон организаци "Престиж", куыстытӕ бакодтой гъӕдджынӕй. Скъолайы фарсмӕ ӕрӕзт ӕрцыд гом спортивон фӕзуат, уый аразджытӕ скъоладзаутӕн сарӕзтой лӕвары хуызы.
Скъоладзаутӕ ӕмӕ педколлектив бацӕттӕ кодтой чысыл культурон программӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ зарджыты хуызы загътой бузныг сӕ лӕвары тыххӕй.
Скъолайы бакӕныны церемонимӕ Хъорнисмӕ фӕуазӕг сты республикӕйы ӕмӕ районы къухдариуӕгад лӕвӕрттимӕ — ахуырадон уагдонӕн ӕрбахастой техникон ифонггарз.
Паддзахады сӕргъӕлӕууӕг Тыбылты Леонид банысан кодта, Хъорнисы ком Ирыстонӕн кӕй схъомыл кодта бирӕ номдзыд адӕм.
"Хъорнисы комӕй рацыд бирӕ адӕм, кӕцытӕй Ирыстон у сӕрыстыр. Ацы ахуырадон уагдон каст фесты зынгӕ ахуыргӕндтӕ ӕмӕ фысджытӕ, ахӕмтӕ куыд математик Тасойты Ботаз, фысджытӕ Козаты Исидор, Дзуццаты Хадзымурат ӕмӕ ӕндӕр зындгонд гоймӕгтӕ. Ныфс мӕ ис ныр дӕр скъолайы коллективӕй, аккаг рӕзгӕ фӕлтӕртӕ кӕй схъомыл кӕндзысты Ирыстонӕн, уымӕн сын уавӕртӕ арӕзт ӕрцыд", — банысан кодта президент.
Ног скъолайыл алкӕмӕй тынгдӕр цин кӕны фыццаг къласы ахуырдзау Плиты Динӕ. Уый йӕ хотӕ ӕмӕ ‘фсымӕртимӕ ахуыр кӕны ацы скъолайы ӕмӕ ныфс дӕтты, ныр зонындзинӕдтӕм тынгдӕр кӕй тырндзӕн.
"Рӕсугъд ног скъолайы мах ноджы хуыздӕр ахуыр кӕндзыстӕм", — дзуры Динӕ.
Хъорнисы скъолайы раздӕры бӕстыхай арӕзт ӕрцыд 1926 азы ӕмӕ уыд ӕдзӕллаг уавӕры — рӕстӕг ӕмӕ йыл зӕххӕнкъуыстытӕ ӕвзӕрырдӕм бандӕвтой. Мӕгуырау уавӕртӕй ахуырдзаутӕ лыгъдысты ӕндӕр скъолатӕм, науӕд та иу бинонтӕ сӕ царӕнуӕттӕ ныууагътой ӕмӕ цыдысты горӕтмӕ, афтӕмӕй хъӕу ӕдзӕрӕг кодта.
Скъолайы директоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Козаты Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныр архайдзысты ахуырдзауты фӕстӕмӕ раздахын ӕмӕ скъола ӕнӕххӕстӕй астӕуккагмӕ рацаразын.
"Хъорнисы рагӕй фӕстӕмӕ уыд астӕуккаг скъола. Фӕлӕ нӕм ныр цалдӕр азы уӕвынад кодта ӕрмӕстдӕр 9 къласы, ӕмӕ та йӕ ног ахуыры азӕй хъавӕм рацаразын ӕххӕст астӕуккаг скъоламӕ", — банысан кодта уый.
Объект арӕзт ӕрцыд 2015 азы социалон-экономикон райрæзты Инвестицион нывæзты фӕлгӕтты.
Абон хъорнисӕгтӕн рацыд дывӕр бӕрӕгбон — скъолайы бӕстыхаййӕ дарддӕр ма конд ӕрцыд хъӕуы культурӕйы хӕдзар дӕр. Ацы объект та арӕзт ӕрцыд Знауыры районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады тыхтӕй.
Хъӕуы культурӕйы артдзӕсты йӕ бакӕныны хӕдфӕстӕ айзӕлдысты ирон аив фӕндыры зӕлтӕ — районы культурӕйы хайад бацӕттӕ кодта чысыл концерт. Хӕрзвадат бӕстыхайы ис алы уавӕртӕ дӕр, зал нымад у 150 бынатыл.