Ирон богалтӕ ӕрхастой 13 майданы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты ӕхсӕнадӕмон турнирӕй

© фото из архиваИрон богалтӕ ӕрхастой 13 майданы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты ӕхсӕнадӕмон турнирӕй
Ирон богалтӕ ӕрхастой 13 майданы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты ӕхсӕнадӕмон турнирӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕсты турниры ссисты уӕлахиздзаутӕ цыппар уӕзы категорийы, ӕмткӕй та Ханты-Мансийскы автономон зылдӕй ӕрхастой 13 майданы.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Ирон спортсментӕ Ханты-Мансийскы автономон зылды уагъд цӕуӕг уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турнирӕй ӕрхастой 13 майданы, уыдон ӕхсӕн цыппар — фыццаг бынаты тыххӕй, хъусын кӕны "Осетия Times".

Ирон богалтӕ уӕлахиздзаутӕ ссисты цыппар уӕзы категориты. Хуссар Ирыстоны спортивон кад ерысты хъахъхъӕдтой Чертхъоты Гурам ӕмӕ Хъӕцмӕзты Ренат, уыдон дыууӕ дӕр бацахстой ӕртыккаг бынӕттӕ.

"Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты турниры Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры спортивон кад хъахъхъӕнӕг богалтӕ рамбылдтой цыппар сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ аст бронзӕ майданы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

XII ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Ханты-Мансийскы автономон зылды цыд 28-29 ноябры. Тохтӕ цыдысты аст уӕзы категорийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0