Спикер: сомихæгты геноциды банымад - нæ дзуапп Турчы агрессийæн УФ-йы ныхмæ

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий
РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æрдыгæй сомихæгты геноцид банымайыны фарст абон кæй нæ сæвзæрд, фæлæ ныр райста ног нысаниуæг.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент æркæсдзæн сомихæгты геноцид банымайыны фарстмæ, фехъусын кодта спикер Бибылты Анатолий.

"Фæсмон кæнæм, Хуссар Ирыстоны абоны онг кæй нæ банымадтой сомихæгты геноцид. Ныр геноциды банымады фарст лæууы республикæйы парламенты боны фæткы æмæ йӕ рахӕсдзыстӕм уынаффæмæ. Османаг империйы æрцæугæ фыдракæндæн хъæуы раттын квалификаци", — загъта Бибылты Анатолий.

Спикер банысан кодта, ома "кæд дунейы бæстæтæ ацы фарсты къухдариуæгад кæнынц конъюнктурон интерестæй, уæд Хуссар Ирыстоны та историкон рæстдзинады нæ дызæрдыг кæнынц, уымæ гæсгæ историкон мысæн бахъахъхъæныны æмæ историкон рæстдзинады принципмæ гæсгæ архайгæйæ, хъæуы банымайын Османы империйы æрдыгæй сомихæгты массон фæцагъд".

Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æрдыгæй сомихæгты геноцид банымайыны фарст абон кæй нæ сæвзæрд, фæлæ абон райста ног нысаниуæг.

"Æрæджы æрцæугæ инцидент уæрæсейаг хӕдтӕхӕгимæ æмæ уыцы цау нæ сæйраг стратегион æмцæдисон — Уæрæсейы ныхмæ агрессийы актыл банымайгæйæ, дзурын, иунæг адекватон дзуапп æндæр къахдзæфтимæ иумæ Турчы ныхмæ кæй суыдзæн сомихæгты геноциды банымад", — банысан кодта парламенты сæрдар.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон кæй ма хъуамæ тæрса Туркимæ ахастытæ фæвзæрдæр кæнынæй, уымæн æмæ сын ницы æмахастытæ ис. Спикеры ныхæстæм гæсгæ ма уый хауы Азербайджанмæ дæр, кæцы нæу РХИ-ы партнер.

"Турк ахъаз у Гуырдзыстоны æмæ Цæгат Кавказы цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты радикалондзинадæн, кæцыты стæй Турк ахизын кæны йæ территоримæ, Туркæй та Сиримæ. Турк ма лæууы Гуырдзыстоны Евроцæдис æмæ НАТО-мæ бацæуыны планты фарс. Гуырдзыстон Туркæн кæддæриддæр уыд нысаниуæгджын бæстæ, никуы фæзылын кодта Гуырдзыстоны агресси Хуссар Иры ныхмæ, цæхгæр лæууыд "Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинады фарс", регионы сæвзæргæ ног политикон реалитæ ницæмæ даргæйæ", — зæрдыл æрлæууын кодта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0