Гасситы Мурæт æмæ америкæйаг Айзея Томасы тох нысан æрцыд 18 декабрмæ

© Фото из архиваБоксер Гасситы Мурат
Боксер Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Промоутертæ æвæстиатæй агуырдтой Яго Киладзейы рингыл чи баива, кæцы æбæрæг æфсонæй нал сразы не спортсменимæ тох кæнын, загъта спортсмены тренер.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Ирон боксер-профессионал Гасситы Мурæт ауаддзæн тох америкæйаг Айзея Томасимæ Боксы дунейон федерацийы (IBF) титулæн æнæмæнгхъæуæг претенденты статусы тыххæй, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Сланты Виталий.

Айзея Томас рингыл раивдзæн Яго Киладзейы, кæцы æбæрæг æфсонæй нал сразы не спортсменимæ тох кæнын. Тох Гасситы Мурæт — Айзея Томас уагъд æрцæудзæн 18 декабры Лас-Вегасы.

"Промоутертæ æвæстиатæй агуырдтой Яго Киладзейы рингыл чи баива, ахæм спортсмены кандидатурæ. Ацы тох хъуамæ уыдаид 28 декабры", — загъта Сланы фырт.

Ацы ныхмæлæуды уæлахиздзауы къухты бафтдзæн фадат архайгæ дунейы чемпион — аргентинæйаг спортсмен Виктор Эмилио Рамиресимæ дунейы чемпионы титулыл стох кæнын.

Гасситы Мурæт у дунейон чемпион фӕсивӕды 'хсӕн WBC-йы версимӕ гӕсгӕ, Европӕйы чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ, дунейы интерконтиненталон чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ.

Гасситы Мурæт ауагъта 22 тохы ӕмӕ сӕ алкӕцыйы дӕр ссис уӕлахиздзау, 16 тохы йæ ныхмæлæуджыты арвыста нокауты.

Октябры боксер схызт æртыккаг позицимæ Боксерты æхсæнадæмон федерацийы ранæуæггонд рейтингы, Айзея Томас та ацы рейтингы ис 14 бынатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0