РЦИ мидхъуыддӕгты министр бадӕтта рапорт йӕ куыстӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй

Артур Ахметханов
Артур Ахметханов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рапорт ныффыссыны аххосаг ссис Цкъаты Владимиры амӕлӕты алыварс сӕвзӕргӕ уавӕр.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады сӕргълӕууӕг Артур Ахметханов ныффыста йӕ куыстӕй ссӕррибар кӕныны фӕдыл рапорт, фӕлӕ нырма йӕ куырдиатӕн дзуапп нӕ райста, хъусын кӕны 15 регион.

"Инӕлар Ахметхановӕн бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй ма тагъд кӕна ацы хъуыддаг аскъуыддзаг кӕныныл ӕмӕ уал райса отпуск. Уӕрӕсейы барадхъахъхъӕнӕн органты Ахметхановӕн ис стыр кад ӕмӕ нымад у иууыл эффективондӕр регионалон къухдариуӕггӕнджытӕй сӕ иуыл", — хъусын кӕны 15 регион мадхъуыддӕгты министрады кусӕджы ныхӕстӕ.

Артур Ахметхановӕн йӕ контракт фыст уыд 2018 азы кӕронмӕ. Рапорт ныффыссыны аххосаг ссис Цкъаты Владимиры амӕлӕты алыварс сӕвзӕргӕ уавӕр.

Ныртӕккӕ мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй нысан ӕрцыд мидӕггагон службӕйы булкъон Рӕмонты Эльбрус.

Ног хабӕртты лентӕ
0