Игуменья Нонна Цхинвалы концерты тыххæй: уый у "хæрзиуæджы зиллакк"

© FacebookХæрзаудæн концерт Цхинвалы
Хæрзаудæн концерт Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алагиры моладзандоны цур реабилитацион центры цы сывæллæттæ уыдысты уазæгуаты, уыдон хъæппæрисæй Цхинвалы уагъд æрцыд концерт. Æрæмбырдгонд фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзысты аргъуаны арæзтадæн.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Цхинвалы сывæллæтты коллективтæ ауагътой хæрзаудæн концерт, æрæмбырдгонд фæрæзтæ лæвæрд æрцæудзысты Алагиры Алайнаг сылгоймæгты моладзандоны цур стыр аргъуаны арæзтадæн, фехъусын кодта Sputnik ансамбль "Кафт"-ы къухдариуæггæнæг Майя Четион.

"Концерты инициатортæ ссисты сывæллæттæ, кæцытæ улæфыдысты Алагиры моладзандоны цур сывæллæтты реабилитацион центры. Æдæппæт центры баулæфыдысты 1300 сывæллоны Хуссар Ирыстонæй. Алчидæр сæ фæстæмæ здæхт тынг райгондæй. Аргъуаны арæзтадæн фæрæзтæ æмбырд кæй цæуынц, уый базонгæйæ, сывӕллӕтты бафæндыд сæ хайбавæрд бахæссын", — загъта Четион.

Ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хиуӕттӕ бабӕрӕг кодтой Алагиры моладзандон

Хæрзаудæн концерт тынг бацагайдта моладзандоны цæрджыты зæрдæтæ. Игуменья Ноннайы ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзал стыр æххуыс у аразгæ аргъуанæн.

"Зæгъын, æмæ нæ зæрдæмæ фæцыд мадзал — ницы зæгъын! Дзурынц, зæгъгæ культурæ, æвзаг, уырнынад фæстæмæ цæуынц. Æз нæ дæн уыцы ныхæстимæ разы! Ацы сывæллæтты ис æнæниз тых, кæцы размæ цæуы, хæрзаудæн кæны, парахат кæны æцæг аивад, уый нымæцы националон", — загъта игуменья.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, центр кæй кусы фарастæм аз, арæзт æрцыд Бесланы теракты фæстæ, 2008 азæй та йæхимæ райдыдта исын хуссарирыстойнаг сывæллæтты.

"Нæ куысты фæстиуджытæ нæм фыццаг хатт æрæздæхтысты, дон куы раивылд æмæ моладзандон доны бын куы фæци… Æнæнхъæлæджы нæм æххуысмæ æрцыдысты Беслæны сывæллæттæ. Æмæ ныр дæр, куы хъуыды кодтам, ома центр никæй хъæуы, уæд та ногæй æххуыс. Ацы хатт та нæ дисы баппæрстой æмæ нын нæ зæрдæ барухс кодтой Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ. Афтæ хуыйнæг, хæрзиуæджы зиллакк", — банысан кодта уый.

Уый ма загъта, сывæллæттæн моладзандон кæй у сæ дыккаг хæдзар ӕмӕ сæ зæрдæ риссы, чысыл аргъуаны алкæмæн бынат кæй нæ вæййы. Уымæ гæсгæ, хъæуы стыр аргъуан саразын.

"Ацы концерт æмæ дзы цы атмосферæ уыд, уыдон дзурæг сты уарзондзинадыл. Адæмы уарзондзинадæн балхæнæн нæй. Мах ацы моладзандонмæ цыдыстæм патриотикæн æнкъарæнтимæ, цæмæй балæууæм нæ Фыдыбæстæ, нæ адæмы фарс. Махæн нæй Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон, цæгат æмæ хуссар махæн сты рагъы фæрстæ, Ирыстон та у иунæг ", — балхынцъ кодта игуменья.

Хæрзаудæн концерт уагъд æрцыд майрæмбоны Цхинвалы, ПККЗ "Чермен"-ы. Хуыцаубоны та æрæмбырдгонд 114 мин сомы фæхæццæ кодтой моладзандонмæ. Концерты хайад райстой Четионы хъомылгæнинæгтæ — адæмон кафты ансамбль "Кафт", Аивæдты лицейы ансамбль "Скифтæ", горæты администрацийы цур ансамбль "Ирон", аивæдты лицейы хор, студи "Бонварнон"-ы ахуырдзаутæ, афтæ ма хицæн æрыгон курдиатджын сывæллæттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0