Туркаг ирæтты мӕты ӕфтауы Уӕрӕсеимæ ӕндыгъд ахастытæ

© Sputnik / Роин БибиловТуркаг ирæтты мӕты ӕфтауы Уӕрӕсеимæ ӕндыгъд ахастытæ
Туркаг ирæтты мӕты ӕфтауы Уӕрӕсеимæ ӕндыгъд ахастытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Туркаг ирæттӕ тыхсынц, туркаг-уæрæсейаг ахастыты февзæрдæримæ сын фадат кæй нал уыдзæн сæ историкон райгуырæн бæстæмæ цæуынӕн.

ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Турчы цæрæг ирæтты мæты æфтауы, туркаг-уæрæсейаг ахастыты кæй февзæрдæр сты, загъта Sputnik Аланты æхсæнадæмон цæдисы сæргълæууæг Мамсыраты Ирмæ.

Турчы цæры иууыл стырдæр ирон диаспорæ. Æндæр æмæ æндæр нымæдтытæм гæсгæ дзы ныртæккæ цæры сæдæ мин иронӕй фылдæр, 129 мыггаджы минæвары. Ацы аз июны Турчы ирон диаспорæйы минæвæрттæ уыдысты Цхинвалы, цыран уыдонæн лæвæрд æрцыдысты ирон паспорттæ.

Ныр Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн авиабастдзинад куы æрæхгæной, уæд сын фæзын уыдзæн сæ райгуырæн зæххмæ цæуын.

"Уый танг æбуалгъ хабар у, фадат нын кæй нал уыдзæн не ‘мгæрттæм Уæрæсемæ цæуын, райгуырæн зæххмæ цæуын. Ныфс нæ ис, ацы политикон проблемæ тагъд кæй æрцæудзæн скъуыддзаг", — загъта Ирмæ.

Цæгат Ирыстоны Нациты хаттыты фæдыл министр Хадыкъаты Сослан агентад "Градус"-æн фехъусын кодта, туркаг ирæттимæ культурон бастдзинæдтæ кæй нæ фескъуыйдзысты æмæ республикæ йæ хъус кæй дардзæн сæ хъысмæтмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0