Тыбылты Леонид бахаста æнхъарæн, цæмæй ивд æрцæуа парламентмæ æвзæрстыты системæ

© Sputnik / Роин БибиловРХИ президент Тыбылты Леонид
РХИ президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртæккæ РХИ-ы парламент æвзæрст цæуы пропорционалон партион системæмæ гæсгæ. Парламенты ис цыппар политикон партийы.

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Тыбылты Леонид бахаста æнхъарæн, цæмæй рахизой депутатты æмхæццæ æвзæрстыты системæмæ, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Президент бахæс кодта Юстицийы министрадæн, цæмæй 2016 азы 1 февралы онг бакуса æмæ РХИ-ы президенты цур конституцион закъондæттынад хуыздæр кæныны фæдыл къамисмæ бахæсса "РХИ-ы парламентмæ депутатты æвзæрстыты тыххæй" Конституцион закъоны проект, кæцымæ гæсгæ РХИ-ы парламентмæ депутаттæ æвзæрст цæудзысты æвзæрстыты æмхæццæ (мажоритарон-пропорционалон) системæмæ гæсгæ.

"Уый арæзт æрцыд республикæйы цæрджыты домæнмæ гæсгæ, РХИ-ы парламентмæ депутатты кандидатты æхсæн æвзарджытæн уæрæхдæр равзæрсты фадат раттыны æмæ паддзахады æвзæрстон системæ æххæст кæныны нысанæн, политикон партитӕн сæ уæнгадмæ æнæкæсгæйæ", — банысан кодта Яновская.

Закъоныпроектыл бакусыны рæстæджы Тыбылты Леонид бахæс кодта ахæм пропорцимæ гæсгæ архайын: 17 депутат æвзæрст цæуой пропорционалон системæмæ гæсгæ республикон æвзæрстон зылды æмæ 17 депутат та иумандатон æвзæрстон зылдтæм гæсгæ.

Тыбылты Леонид ма РХИ-ы парламенты спикеры номыл арвыста фыстæг, цыран курæг у, цæмæй республикæйы парламент æркæса РХИ-ы Конституцион законы проектмæ "РХИ-ы Конституцийы 57 статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй", кæцы райст æрцыд 2001 азы 8 апрелы референдумы рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0