Цхинвайлаг ӕвзонг нывгӕнджытӕ ссисты ӕхсӕнадӕмон конкурс "Малусӕджы" призертӕ

© Sputnik / Анна ДжиоеваЦхинвайлаг ӕвзонг нывгӕнджытӕ ссисты ӕхсӕнадӕмон конкурс "Малусӕджы" призертӕ
Цхинвайлаг ӕвзонг нывгӕнджытӕ ссисты ӕхсӕнадӕмон конкурс Малусӕджы призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывгӕнӕн скъолайы ахурыдзаутӕ Гуыцмӕзты Виктория, Гӕззаты Олег ӕмӕ Лалыты Асланы нывтӕ Цӕгат Кавказы аивадмӕ ӕвзыгъд фӕсивӕды куыстыты ӕхсӕн разындысты ӕныстджын ӕмӕ бацахстой призон бынӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕрыгон нывгӕнджытӕ ссисты Цӕгат Кавказы курдиатджын сывӕллӕтты IV аивӕдты конкурс "Малусӕджы" дипломанттӕ ӕмӕ призертӕ, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы нывгӕнӕн скъолайы директор Ӕлборты Ӕхсӕртӕг.

Аивӕдты конкурс уагъд цыд Цӕгат Ирыстоны. Хайадисджытӕ ерыс кодтой аивады фондз хуызæй: адæмон инструменттыл æмæ фортепианойыл цæгъдынæй, зарынæй, кафынæй æмæ ныв кæнынæй. Хуссар Ирыстон минӕвӕрттӕ дзы хайад райстой нывкӕнынады здӕхӕны.

"Нывгӕнӕн скъолайы аст ахуырдзауы хайад райстой конкурсы. Ӕдӕппӕтӕй конкурсмӕ бавдыстой 200 куыстӕй фылдӕр. Жюрийы уӕнгтыл уӕлдай ирд тӕлмӕнтӕ ныууагъта Гуыцмӕзты Викторияйы конд ныв "Кафт" ӕмӕ бацыд призерты нымӕцмӕ. Нӕ аннӕ дыууӕ ахуырдзауы — Гӕззаты Олег ӕмӕ Лалыты Аслан та ссисты "Малусӕджы" дипломанттӕ", — загъта директор.

Конкурс организацигонд ӕрцыд ныр цыппӕрæм хатт. Архайдтой дзы Дагестаны, Кæсæг-Балхъары, Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы æндæр республикæты минæвæрттæ. Сæ кармæ гæсгæ уыдон дих сты дыууӕ къордыл: 9-12 азы æмæ 13-15 азы кæуыл цæуы, ахæм фӕсивӕд. Алы архайæг дæр конкурсмæ рахаста дыууӕ куысты — ныв кæнынæй æмæ графикæйæ. Сæ арæхстдзинадæн сын аргъ кодтой аивæдты сгуыхт архайджытæ Санкт-Петербург æмæ Ростовæй. Жюрийӕн сæрдариуӕг кодта Уæрæсейы æмæ Украинæйы адæмон артисткæ Гергиты Ларисæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0