Спикер: парламент раджы фехъусын кодта æвзæрстыты æмхæццæ системæмæ рахызты тыххæй

© Sputnik / Пресс-служба президента и правительства РЮОРХИ парламенты агъуыст
РХИ парламенты агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Радон парламентон æвзæрстыты рæстæджы æвзарджытæн фадат уыдзæн æрмæст партитæн нæ, фæлæ хицæн кандидаттæн хъæлæс дæттын, банысан кодта спикер.

ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Депутатты æвзæрстыты æмхæццæ системæмæ рахизыны фæдыл куыст райдайыны тыххæй парламент фехъусын кодта парламенты сессийы рæстæджы сæрды, цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ, фехъусын кодта спикер Бибылты Анатолий.

"Парламентмæ æвзæрстыты системæ раивыны тыххæй фӕндон парламент фехъусын кодта, закъондæттæн орган цалынмæ сæрдыгон улæфтытæм нæ ацыд, уӕдмӕ. Ныртæккæ закъондæттынады фæдыл комитет кæны æмбæлон куыст, æмæ нинæ азы райдайæны ивындзинæдтæ рахӕсдзыстӕм депутатон корпусы размæ", — загъта Бибылты Анатолий.

Спикер зæрдыл æрлæууын кодта, парламенты мажоритарон-пропорционалон системæмæ рахызт кæй уыд æвзæрстыты агъоммæ йӕ дзырдлæвæрдтæй сæ иу.

"Мах æвзæрстон кампанийы рæстæджы дзырд радтам æмæ мæ зонæнтæм гæсгæ æндæр партитæ дæр ацы фарст раразмæ кодтой æвзарджытимæ æмбæлдтыты рæстæджы. Дзырд æххæст æрцыд æмæ радон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты æмхæццæ системæмæ гæсгæ, æвзарджытæ сæ хъæлæс дæтдзысты æрмæст партитæн нæ, фæлæ ма хицæн кандидаттæн дæр", — загъта спикер.

Бибылты Анатолий ма банысан кодта, ацы фарсты фæдыл кæй нæ райста фыстæг президентæй.

Закъондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл комитеты сæргълæууæг Коцты Олеся радзырдта Sputnik, зӕгъгӕ, æвзæрстыты æндæр системæмæ рахызты тыххæй хъæуы республикæйы Конституцимæ, афтæ ма æвзæрстон барты тыххæй закъæттæм ивындзинæдтæ бахæссын. Коцты Олеся ма бафтыдта, ацы фарсты фæдыл комитеты кӕй бакодтой ӕмбӕлон куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0