ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны проблемӕтыл ӕруынаффӕ кӕндзысты Цхинвалы зонадон конференцийы рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik культурӕйы министрады минӕвар Табуты Нелли.
Хуссар Ирыстоны культурон цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл конференци ацы аз уагъд ӕрцӕудзӕн ныр цыппӕрӕм хатт. Ивгъуыд азтӕй уӕлдай ныры конференцийы резолюцийӕн, организаторты фӕндмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ уа практикон тых.
"Ӕлкӕцы конференцийы дӕр уынаффӕ ӕрцӕуы цыртдзӕвӕнты бахъахъхъӕныны проблемӕты тыххӕй, каст фӕцӕуынц докладтӕ, фӕлӕ ацы хатт конференцийы ӕрмӕст уынаффӕтӕ нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ ма нӕ архайд хъуамӕ ӕркӕна практикон фӕстиуджытӕм горӕты ӕддаг историон бакаст бахъахъхъӕныны хъуыддаджы", — загъта культурон бынтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл хайады хистӕр Табуты Нелли.
Уый ма банысан кодта, конференцимӕ хуынд кӕй ӕрцӕудзысты горӕты администраци ӕмӕ хицауады минӕвӕрттӕ, афтӕ ма Цхинвалы историон цыртдзӕвӕнтӕм уазал цӕстӕй чи нӕ кӕсы, ӕппӕт уыцы цӕрджытӕ. Мадзал ацӕудзӕн Анахарсисы номыл библиотекӕйы бӕстыхайы цыппӕрӕм декабры.