ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Цæгат Ирыстон арвыста Хъырыммæ дыккаг электрогенератор æмæ хæлцадон продукттæ æрдæгсакъадахы энергоифтонгад сæндидзыны нысанæн, хъусын кæны РЦИ-А УУМ-ы сæйраг управленийы пресс-службæ.
Регионы энергоифтонгад фехæлды фæстиуæгæн Хъырым æмæ горæт Севастополы ис уæлвæткон уавæры режим. Уæрæсейы УУМ дарддæр уадзы Хъырымы сакъадахы цæрджыты фыццаг æнæмæнгхъæуæг цардифтонгады операци.
"60 кВт хъомыс кæм ис, ахæм электрогенератор АД-30 æмæ хæлцадон продукттæ æрвыст æрцыдысты Хъырыммæ", — загътой УУМ-ы сæйраг управленийы.
Уый размæ Цæгат Ирыстон арвыста Хъырыммæ электрогенератор АД-30.