Цхинвайлаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ сӕ тыхтӕ бавзардзысты Тедеты Елхъаны номыл XV турниры

© Sputnik / архивное фотоЦхинвайлаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ сӕ тыхтӕ бавзардзысты Тедеты Елхъаны номыл XV турниры
Цхинвайлаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ сӕ тыхтӕ бавзардзысты Тедеты Елхъаны номыл XV турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд ӕзты дӕр, ацы ерысты архайгӕйӕ, хуссарирыстойнаг спортсментӕ уыдысты призерты ӕмӕ уӕлахиздзауты нымӕцы.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Цхинвайлаг ӕхсӕз богалы хайад райсдзысты уӕгъдибар хъӕбысхӕсты XV ӕхсӕнадӕмон турниры, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн Европӕйы фыццаг ирон чемпион Тедеты Елхъаны номыл Цӕгат Ирыстоны, фехъусын кодта Sputnik уӕгъдибар хъӕбысхӕсты тренер Коцты Тамерлан.

Турнир цӕудзӕн 4-5 декабры Октябры хъӕуы спортивон-ӕнӕниздзинад фидар кӕнӕн центры. Ивгъуыд ӕзты, ацы ерысты архайгӕйӕ, хуссарирыстойнаг спортсментӕ уыдысты призерты ӕмӕ уӕлахиздзауты нымӕцы.

"Турнирмӕ акӕндзыстӕм 1999-2000 ӕзты гуырд спортсменты. Ӕртыццӕджы сбӕлвырд кӕндзыстӕм, нӕ бӕстӕйы спортивон кад цы богалтӕ хъахъхъӕндзысты, уыдон номхыгъд. Ацы кары спортсментӕ тынг хорз цӕттӕ не сты, фӕлӕ нӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ныфс ис, сӕхи аккаг кӕй равдисдзысты", — загъта тренер.

Ерысты архайдзысты спортсментӕ Азербайджан, Цӕцӕн, Дагестан ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй. Турнир хӕссы фыццаг Европӕйы чемпион Ирыстонӕй Тедеты Елхъаны ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0