Цхинвайлаг каратисттӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц Уӕрӕсейы фыццагадмӕ Кекусин-кан каратейӕ

© Sputnik / Олег Ласточкин /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны ӕвзонг каратисттӕ
Хуссар Ирыстоны ӕвзонг каратисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕз цхинвайлаг каратисты цыппар боны дӕргъы тох кӕндзысты Уӕрӕсейы Кекусин-кан каратейы фыццагады призон бынӕттыл.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг каратисттӕ сӕ спортивон цӕттӕдзинад фӕлвардзысты Мӕскуыйы Кекусин-кан каратейӕ Уӕрӕсейы фыццагады, фехъусын кодта Sputnik республикон сывӕллӕтты спортивон скъолайы директор Бибылты Руслан.

Ерыстӕм Цхинвалӕй ацӕудзӕн кекусин-кан каратейы секцийы ӕхсӕз хъомылгӕнинаджы 10-14 азы кары. Уыдонӕн ис бирӕ ӕнтыстытӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзады турнирты.

"Ацы секци нӕм кусы аст азы бӕрц, йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ, фӕсарӕнты архайгӕйӕ, сӕхицӕн сарӕзтой хорз ном. Бирӕтӕн дзы бантыст уӕлахиздзаутӕ суӕвын. Ӕрвитӕм ерыстӕм ӕхсӕз иууыл цӕттӕдӕр ӕвзонг спортсмены ӕмӕ нӕ ныфс ис, хорз спортивон цӕттӕдзинад кӕй равдисдзысты ӕмӕ нӕм уӕлахизимӕ кӕй ӕрцӕудзысты", — банысан кодта Бибылты Руслан.

Уӕрӕсейы фыццагад цӕудзӕн Мӕскуыйы 11-14 декабры. Хуссарирыстойнаг спортсменты кекусин-кан каратейӕ цӕттӕ кӕны тренер Созаты Владимир.

Ног хабӕртты лентӕ
0