Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары рухс ном ссардтой Испаны

© пресс-служба постпредства РСО-Алания Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары рухс ном ссардтой Испаны
Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары рухс ном ссардтой Испаны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары зæрдылдарæн бон хаст æрцыд испайнаг горæт Фуэнлабрадайы æрвылазон официалон мадзæлтты къæлиндармæ.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары рухс ном ссардтой испайнаг горæт Фуэнлабрадайы цæуæг мадзалы, цыран æвæрд ис йæ цырт, фехъусын кодтой Sputnik Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны минæварады.

Инæлар Мамсыраты Хадзы-Умар хæцыд Испаны 1930 азы инæлар Франкойы фашистон хунтæйы ныхмæ æмæ йе ‘вварсхæцæг немыцаг-италиаг æфсады ныхмæ. Испаны Мамсырайы фырты зыдтой "булкъон Ксанти"-йæ. Ацы аз Фуэнлабрадайы кадджын æгъдауæй æвæрд æрцыд йæ цырт.

"Мадзалы æхсæнадон организациты минæвæртты скондæй хор сæххæст кодта Ирыстоны гимн. Испаны фарс аскъуыддзаг кодта легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары зæрдылдарæн бон бахæссын испайнаг горæт Фуэнлабрадайы æрвылазон официалон мадзæлтты къæлиндармæ", — загъта бынæттон ирон диаспорæйы сæргълæууæг Къайты Ацӕмӕз.

Акци арæзт æрцыд Интербригадæты æмбæлтты ассоциацийы хъæппæрисæй, кæцыйы сæргълæууæг — Хесус Фуэнтес Пастор — хорзæхджын æрцыд "Ирыстоны кадæн"-ы майданæй. Мадзал арæзт æрцыд ирон диаспорæйы æххуысæй, Испаны фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министрады кусæг Къайты Ацӕмӕзы сæргълæудæй. Акцийы хайад райстой Фуэнлабрадайы мэрияйы кусджытæ, æфсæддон атташейы аппараты уæнгтæ æмæ Россотрудничествойы минæвæрттæ.

© пресс-служба постпредства РСО-Алания Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары рухс ном ссардтой Испаны
День памяти Хаджи-Умара Мамсурова в Испании  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Легендарон сгарæг Мамсыраты Хадзы-Умары рухс ном ссардтой Испаны

Мамсыраты Хадзы-Умар (1903 — 1968) хайад иста Испаны æмбæстагон хæсты, афтæ ма советон-финнаг хæсты æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном. Испанмæ бахауд 1936 азы, уым æй зыдтой "булкъон Ксанти"-йæ.

2015 азы февралы Фуэнлабрадайы баконд æрцыд Мамсырайы фырты цырт, легендарон сгарæджы зæрдылдарæн бон та хаст æрцыд испайнаг горæт Фуэнлабрадайы æрвылазон официалон мадзæлтты къæлиндармæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0