Аварийы фæстиуæгæн Цхинвал баззад æнæ донæй

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæАварийы фæстиуæгæн Цхинвал баззад æнæ донæй
Аварийы фæстиуæгæн Цхинвал баззад æнæ донæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цалцæггæнæн бригадæ, кæцы æнæхъæн æхсæв иуварс кодта аварийы фæстиуджытæ, ныфс æвæры, изæрмæ ацы проблемæ кӕй аскъуыддзаг уыдзӕн.

ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik. Магистралон доны хæтæл Едыс — Цхинвалы аварийы фæстиуæгæн хуссарирыстойнаг столицæ аззад æнæ донæй, фехъусын кодтой Sputnik горæты администрацийы пресс-службæйы.

"Доны хæтæл Хуыцъейы хъæуы цур аскъуыд æртыццæджы изæрæй. Ацы фадыджы æрцыд цъыфы зæй, кæцы бахъыгдардта доны хæтæл", — загътой мэрияйы.

Агентады дзырдæмбал банысан кодта, Паддзахадон унитарон кондад "Водоканал"-ы кусджытæ аварийы бынатмæ кæй ацыдысты æвæстиатæй. Фæлæ сын цалцæггæнæн куыстытæм æрæвналын фадат фæцис æрмæстдæр цалдæр сахат фæстæдæр.

"Æхсæвæн йе `рдæг уыдон айгæрстой фæндаг аварийы бынатмæ. Фæндаг æвзæр кæй у, уый тыххæй техникæ рæгмæ бахаудта ацы фадыгмæ", — загътой администрацийы пресс-службæйы.

© Sputnik / Пресс-служба мэрииФæндаг æвзæр кæй у, уый тыххæй техникæ рæгмæ бахаудта ацы фадыгмæ
Работы на аварийном участке водовода - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæндаг æвзæр кæй у, уый тыххæй техникæ рæгмæ бахаудта ацы фадыгмæ

Цалцæггæнæн бригадæ куыста æнæхъæн æхсæв, цалынмæ аварийы фæстиуджытæ нæ аиуварс кодта. Ныртæккæ Цхинвалы нæй донæй ифтонгад. Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын ныфс æвæрынц цыппæрæмы изæрмæ,"дон горæтмæ цæуын райдайдзæн 21.00".

Ног хабӕртты лентӕ
0