Æнæфсис газы хынцæгтæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевНог газы хынцæгтæ
Ног газы хынцæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныры онг газы ног хынцæгты рæстон бæрæггæнæнтæ ничи басгæрста. Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты ныфс бавæрдтой, зӕгъгӕ, сæ фехæлды рæстæджы арæзтадон организаци хъуамæ раива хыгъды гæрзтæ.

ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik, Козаты Дианæ. Цхинвалы уынгтæй цалдæры цæрджытæ хъаст кæнынц газы хынцæгтæй, кæцытæ сæ бӕрӕггӕнӕнтӕм гæсгæ, нымайынц фылдæр. Горæты цæрджытæ ацы хъастимæ æрмæст мэриямæ нæ бахатыдысты, фæлæ ма арвыстой фыстæг президент æмæ хицауады сæрдары номыл.

Газуарæн хæтæлты реконструкци æмæ сæндидзæн кæныны куыстытæ Цхинвалы райдыдтой 2014 азы Инвестпрограммæмæ гæсгæ. Нардуат райста татарстайнаг арæзтадон организаци "Эверест". Хыгъды гæрзтæ (хынцæгтæ) ивд цыдысты ногтыл æмæ конд цыдысты хæдзæртты фасадтыл. Куыстыты заказгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, уый уыд æнæмæнгхъæуæг мадзал, цæмæй контролгæнджытæ æнцонтæй сгарой хынцæгты бæрæггæнæнтæ.

"Нæ уынгыл цалдæр боны размæ райдыдтой айгæрдын дæлзæххон газон коммуникацитæ, уый фæстæ та сæвæрдзысты газы хынцæгтæ хæдзæртты фасадтыл. Мах разы стæм, кæд хæдзæртты æддаг бакаст фыдхъуын кæнынц, уæддæр. Мæты нæ æфтауы уый, æмæ ног хыгъды гæрзтæ фылдæр кæй нымайынц. Ног хынцæгтæ кæм æвæрд сты, уыцы уынгты цæрджытæ арæх хъаст кæнынц ацы фарсты фæдыл", — дзуры Бушы уынджы цæрæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бирæ бинонтæн æнæуымæй дæр сæ бон коммуналон лæггæдтæ фидын нæу, ацы хынцæгтимæ та сæ хæстæ фæфылдæр уыдзысты бирæбæрц.

Дзабиты Геннадийы уынджы цæрджытæ та ног хынцæгты сæвæрдимæ сæмбæлдысты æндæр проблемæйыл. Уыдон хæдзæртты та-иу периодикон æгъдауæй газ бынтондæр ахицæн. Цæрджытæ не ‘мбæрстой, цæй мидæг ис ацы ахицæнты аххосæг, газы службæйы сын æххуыс бакæныны бæсты загътой, зæгъгæ, дзурут ацы хынцæгтæ цы организаци æвæрдта, уымæ.

"Газифтонгад-иу æнæнхъæлæджы фескъуыд, бирæ рæстæг бахъуыд, цалынмæ йæ аххосæг нæ рабæрæг. Мах бахатыдыстæм, хынцæгтæ цы организаци раивта, уымæ æмæ раст зæгъгæйæ, уыдон уайтагъд раивтой хыгъды гæрзтæ. Ныр нын хорз кусынц", — загъта Sputnik Джиоты Наталья.

© Sputnik / Руслан ТадтаевРаботы по прокладке газовых сетей
Работы по прокладке газовых сетей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Работы по прокладке газовых сетей

Хуссар Ирыстоны Арæзтады министрады, кæцы у куыстыты заказгæнæг, фехъусын кодтой, газы хынцæгтæ равзарын æмæ балхæнын бахæсгонд кæй æрцыд паддзахадон унитарон кондад "Энергоресурс"-æн.

"Хынцæгтæн ис гаранти 10 азмæ. Нырма ничи басгæрста, уыдон фылдæр нымайынц æви нæ. Уый хауы стандартизаци æмæ метрологийы комитеты компетенцимæ", — загъта Арæзтады министрады пресс-секретарь Тедеты Аленæ.

"Энергоресурс"-ы структурон дæлхайады директор Табуты Нугзар Sputnik куыд загъта, афтæмæй цæрджытæ хынцæгты фæдыл æнæхъуаджы æппарынц тасы иннæ адæмы дæр, уыдон æнæрæвдз кæй не сты.

"Уыдон балхæдта ФАК "Эверест" завод-аразæджы, ис сын лицензи, ис сыл дамгъæтӕ, кусынц, куыд æмбæлы, афтæ. Зæронд хынцæгты басгæрсты рæстæг раджы фæцис, зынтæй зылдысты, сæ уадзæн миниуджытæ уыдысты къаддæр, ногтимæ абаргæйæ. Нымайгæ дæр кодтой къаддæр, реалон хæрдзтимæ абаргæйæ, æмæ фæлхасгæнджытæ дæр афтæ сахуыр сты. Ног хынцæгты та ницы хъæндзинæдтæ ис", — загъта Табуты Нугзар.

"Энергоресурс"-ы æмæ горæты цæрджыты ныхæстæ сбæлвырд кæныны фадат нырма нæй. Стандартизаци æмæ метрологийы комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Знауыр куыд загъта, афтӕмӕй ведомствӕйæн нæй æмбæлон ифтонггарз, цæмæй басгарой хынцæгтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хыгъды гæрзтæ сæрæй хъуамæ æвæрд цæуой ведомствойы инспекторты цур.

"Заводы документацийы хъуамæ уой хынцæджы басгæрсты бæрæггæнæнтæ. Кæд уый нæй, уæд мах бар нæ ратдзыстæм арæзтадон организацийæн гæрзтæ æвæрын. Цы æмбæстæгты хæдзæртты æвæрд цæуынц хынцæгтæ, уыдон хъуамæ æркурой документты комплект, кæцы фидар кæндзæн, хыгъды гарзæг кæй рацыд басгæрст. Науæд уыдон æрбахатæд махмæ æмæ нæ инспектор бафæлвардзæн ацы проблемæйыл бакусын",- загъта Цхуырбаты Знауыр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд æмæ абоненттæй искæмæ сæвзæра дызæрдыгдзинад хынцæгты рæстдзинады тыххӕй, уӕд гæрзаг æрвыст æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны аналогион ведомствӕмæ, æмæ уæд хæрдзтæ йæхимæ райсдзæн арæзтадон компани, кæцы ивта хынцæгтæ. Кæд æмæ хыгъды гарзæгтæ разыной æнæрæвдз, уæд хъуамæ æрцæуой ивд.

Ног хабӕртты лентӕ
0