Приднестровьейы хицауады арвыстой отставкӕйы

© Sputnik / Сергей Кузнецов /  Ахизын медиабанкмæПриднестровьейы президент Евгений Шевчук
Приднестровьейы президент Евгений Шевчук - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцаубоны Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы (ДМР) фыццаг хатт уыд иумӕйаг хъӕлӕсӕппӕрсты бон. Ӕмрӕстӕджы ацыд цыппар ӕвзӕрстон кампани: депутатон ӕвзӕрстытӕ, Уӕлдӕр советы, горӕты советы депутатты ӕмӕ хъӕууон ӕмӕ районон администрациты депутатты.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Приднестровьейы президент Евгений Шевчук бафыста барамынд "Приднестровьейы хицауады куыстуæгъды арвитыны фӕдыл", хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Хъусинаг бӕлвырд кӕны, уынаффӕ хаст кӕй ӕрцыд, хицауады сӕрдар Татьяна Туранская ӕхӕсӕзӕм ӕрсидты Уӕлдӕр советмӕ депутатӕй равзарыны тыххӕй премьеры бынатӕй сӕрибар кӕй ӕрцыд, уый аххосагӕн.

Хуыцаубоны ДМР фыццаг хатт уыд иумӕйаг хъӕлӕсӕппӕрсты бон. Ӕмрӕстӕджы ацыд цыппар ӕвзӕрстон кампани: депутатон ӕвзӕрстытӕ, Уӕлдӕр советы, горӕты советы депутатты ӕмӕ хъӕуты ӕмӕ районон администрациты депутатты.

Приднестровьейы президенты барамындмӕ гӕсгӕ, хицауады уӕнгтӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕндзысты, цалынмӕ министрты ног сконд фидаргонд не ‘рцӕуа, уӕдмӕ. Нырма уал Евгений Шевчук хицауады сӕрдары хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй рӕстӕгмӕ снысан кодта премьеры фыццаг хӕдивӕг Майя Парнасы.

Ног хабӕртты лентӕ
0