Уасойы мысгæйæ

© Фото из архиваАбайты Уасо - астæуæй
Абайты Уасо - астæуæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абайты Уасойы райгуырдыл 115 азы сӕххӕсты бæрæгбоны агъоммæ Ирыстоны фундаменталон гоймаджы тыххæй йæ мысинæгтæ радзырдта Уасойы ахуыргæнинаг – Битарты Зоя.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik, Хъотайты Мария. Тынг зын мын мæ мадæлон æвзаджы хъысмæтыл хъуыды кæнын. Йæ бынат æрмæст куыстыты æмæ æмбырдты нæй, фæлæ ма цардуагон уавæры, бинонты æхсæн. Алчидæр хъуамæ æмбара — æвзаджы амæлæтимæ амæлы адæмыхатт дæр. Ӕнæ æвзагæй адæм дæр не сты. Фæдис кæнын æмæ сидын: бахъахъхъæнæм не взаг! Фыццаджыдæр — хæдзары, бинонты æхсæн. Алкæцы хæдзары дæр къулыл хъуамæ конд уа плакат, кæцыйыл стыр дамгъæтæй фыст уа: "Ам дзурынц иронау!"… Афтæ Ирыстоны æрыгон фæлтæрӕн фæдзæхста зынгæ ирон ахуыргонд, æвзагзонæг-иранист Абайты Уасо.

"Абайты Уасо æмæ Хетæгкаты Къостайы ирон адæмæн радта Стыр Хуыцау, стыр монон кризис куы ныллæууыд, уӕд", — дзуры ирон æвзаджы кафедрӕйы доцент Битарты Зоя.

Цас зынгæ бынат ахста зонады, уыййас ныхасы ӕмӕ царды Уасо уыд хуымæтæгдæр.

Битарты Зоя мысы, кæй базонгæ сты 1977 азы Мæскуыйы æвзагзонынады институты, цыран фæстаг азты куыста зындгонд ахуыргонд. Уӕд Битарты Зояйæн бахæс кодтой Уасойæн фæхæццæ кæнын къамтæ йæ 75 азы юбилейæ.

"Бацыдтæн æм институтмæ æмæ лекцийы фæудмæ банхъæлмæ кæсгæйæ, бахызтæн аудиторимæ ирон æвзагыл радтон салам. Уый зæрдиагæй каст цавæрдæр чиныг, фæлæ ирон æвзаг фехъусгæйæ, схæцыд йæ кæсæнцæстытыл æмæ мæ æрбадын кодта йæ фарсмæ. Æрфарста мæ, чи дæн æмæ кæцæй æрцыдтæн. Мæ мыггаг æм зонгæ фæкаст, уымæн æмæ уыцы рæстæджы мæ куыстытæ мыхуыр цыдысты журнал "Фидиуæг"-ы, Уасо та Мæскуыйы иста дыууæ Ирыстоны прессæ дæр. Мæ разы мын æрæвæрдта конфеттæ "Белочка". Фæстæдæр, йæ лекцитæм цæуын куы райдыдтон æмæ сæм хæдзармæ цæуын куы райдыдтон, уæд базыдтон, ацы конфеттæ йæ царды кæй ахстой егъау нысаниуæг. Нæ базонгæ бон та мын цы конфет радта, уый мын æвæрд у абоны онг", — дзуры Битарты Зоя.

Уыцы рæстæджы уый активон иртасæн куыст нал кодта, куыста консультантæй институты æмæ лекцитæ каст майрæмбонты. Зоя Александры чызг ын йæ амоныны методтæ хоны уникалон, уымæ гæсгæ, аспиранткæ уæвгæйæ, йæ лекцитæ фыста магнитофоныл.

"Уасойы лекцитæ нæ уыдысты дæргъвæтин æмæ фæлмæцæн кастытæ кафедрæйæ. Йемæ-иу æрбахаста чысыл текст, кæцы мах хъуамæ равзæрстаиккам фонетикон, морфологон æмæ лексикон æгъдауæй, анализ сарæзтаиккам ныхасы структурæ æмæ семантикæйæн. Арæх иу тексты анализыл ацыд æнæхъæн лекци. Мæ цуры йæ лекцитæм цыдысты аспиранттæ Венгрийæ, Таджикистан, Кыргызстан, Афганистан, Цæгат Ир æмæ æз — Хуссар Ирæй. Уæд мæ сывæллоны æнæ зымæгон къахдарæсæй ныууадзгæйæ, балхæдтон магнитофон, цæмæй фыссон Уасойы лекцитæ. Ацы фыстытæ мæм сты абоны онг дæр", — мысы Уасойы ахуыргæнинаг.

Абайты Уасо æрмæст лæмбынæг нæ раиртаста ирон æвзаг. Консультацитæ исынмæ йæм цыдысты историктæ æмæ æвзагзонджытӕ Афганистанæй, Польшæйæ, Германæй, Иранæй.

"Иухатт æм персайнаг æвзæгты цавæрдæр хæйтты фæдыл консультацимæ æрцыд æвзагзонæг Иранæй. Мах, аспиранттæ, дисы ныххаудыстæм. Уасо бахудт æмæ загъта, зæгъгæ, æвзагыл дзурын æмæ æвзаджы тыххæй зонын иу нæу", — дзуры Зоя.

Абайты Уасойы музей 2008 азы бацис Гуырдзыйы агрессийы амӕттаг. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Абайты Уасойы музейы арӕзтадӕн нал ӕнтысы кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын

Ахуыргонды мæскуыйаг фатеры иу хатæн уыд библиотекæ æмæ националон музейы хуызæн. Ам цард йæ цардæмбал Ксенияимæ. Битарты Зоя арæх цыд уазæгуаты Абайтæм, уыдон бирæ рæстæг дзырдтой зонад, истори æмæ æвзаджы фарстытыл. Ксения фыхта ирон уæлибæхтæ æмæ нартхоры кæрдзынтæ, кæцыты Уасо тынг уарзта. Иу ахæм визиты рæстæджы Уасо сразы ис Битарты Зояйы курдиатыл Хуссар Ирыстоны ацæрын. Зоя бахатыд уæды интеллигенцимæ, хицауады минæвæрттæм æмæ рæхджы уыцы хъуыддагæн рахицæн æрцыд къаннæг финнаг хæдзар.

"Никуы ферох кæндзæн, трамвайыл æнӕхъæн Мæскуыйы уылты куыд ластон арæзтадон æрмæджытæ Уасойы хæдзар сцалцæг кæнынæн æмæ сæ куыд æрвыстон Цхинвалмæ. Уæд уыдæттæ Цхинвалы зын ссарæн уыдысты. Цыбырты Людвиг (фæстæдæр РХИ-йы фыццаг президент) йæ машинæйыл æмбæлд ацы æрмæджытыл æмæ сæ хæццæ кодта Абайты Уасойы хæдзармæ", — мидбылхудгæйæ мысы йæ æрыгон энтузиазм Зоя.

Цхинвалмæ, йæ хæдзармæ, кæцы фæстæдæр суыдзæн йæ номыл музей, Уасо фыццаг хатт йæ цардæмбалимæ æрцыд 1985 азы.

"Сæ поезды размæ ацыдыстæм Гурмæ. Уæдмæ ам йæ хæдзары æвæрд уыд бæрæгбонон фынг. Хæдзар йæ зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ уый фæстæ цалдæр хатт æрцыд Цхинвалмæ", — дзуры Зоя.

1989 азы, ирæттæ æмæ гуырдзиæгты ахастытæ куы фендыгъд сты, уæд Уасо мæты бацыд. Уый ӕрцыд Цхинвалмæ, уыдта митингтæ Театралон фæзуаты, райдыдта цымыдис кæнын политикæмæ æмæ тынг тарст фæсивæдæн, зӕгъгӕ, мацы тугкалд æрцæуа.

Абайты Уасойы 115 азы юбилеймӕ Хуссар Иры Нацбанк рауагъта ӕвзист монетӕтӕ

Ацы хæццæ рæстæджы уымæ бахатыдысты Цыбырты Людвиг, Цæголты Ким æмæ Галазты Æхсарбег, цæмæй ныффысса уац ирон адæмы сæрыл. Уасо, кæцы йæ цард снывонд кодта æвзагзонынадæн æмæ тынг дард уыд политикæйæ, йæ уацы ныффыста, Хуссар Ирыстон кæй у Гуырдзыстоны территориалон иуæг. Уæд ацы рæнхъытыл тынг æппæрццагæй сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны æмæ йæм фæсивæд уыд мæсты.

"Уый тынг зынтæй сфæрæзта хуссарирыстойнаг хæдæфсады ахаст йæ уацмæ, æмæ та радон хатт Мæскуымæ куы æрцыдтæн, уæд æй баййæфтон тарæрфыгæй. Уый мæ рахуыдта экстремисткæ, æмæ загъта, кæй йæ нæ фæнды мемæ ныхас кæнын. Æз ын бамбарын кодтон, политикон архайджыты амындмæ гæсгæ йæ кæй нæ хъуыд ахæм рæнхъытæ фыссын æмæ йæм фæсивæд кæй æнхъæлмæ каст бынтондæр æндæр ныхæстæм. Уый мæм сабырæй байхъуыста, æмæ йæхимæ нал райста гуырдзиаг радиойы уацхæссджыты, кæцыты фæндыд зындгонд ахуыргондæй интервью райсын", — дарддæр кæны йæ ныхас Зоя.

Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры Уæрæсейаг империйы Тифлисы губернийы, Къобы хъæуы. Зынгæ ахуыргонд, иранист-ирон æвзагзонæг, Уæрæсейы зонæдты академийы академик, профессор, филологон зонæдты доктор, ССРЦ ЗА Æвзагзонынады институты хистæр зонадон кусæг, Английы Азиаг æхсæнады архайгæ уæнг (1966), Хельсинкийы Финнаг — угораг æхсæнады уæнг-корреспондент (1973), Хетæгкаты Къостайы номыл премийы дыууæ хатты лауреат, Гуырдзыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, ССРЦ-ы паддзахадон премийы лауреат, æвзагзонынад, иранистикæ æмæ ирон æвзагзонынады фæдыл бирæ куыстыты автор.

Абайты Уасойы бындурон кустытæй иу у "Ирон æвзаджы историкон-этимологон дзырдуат" (1958). Абайты Уасо фæцард 101 азы. Йæ номимæ баст у уæрæсейаг лингвистикæ æмæ иранистикæйы æнæхъæн заман. Уый амард 2001 азы марты æмæ ныгæд у Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуаны Пантеоны Хетæгкаты Къостайы уæлмæрды цур.

Ног хабӕртты лентӕ
0