Хуссар Иры рӕстдинонтӕ нысан кӕнынц Мадымайрæмы баконд аргъуанмæ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры рӕстдинонтӕ нысан кӕнынц Фырсыгъдæг Мадымайрæмы баконд аргъуанмæ
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ нысан кӕнынц Фырсыгъдæг Мадымайрæмы баконд аргъуанмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фырсыгъдæг Мадымайрæмы баконд аргъуанмæ ӕрвылаз дӕр нысан цӕуы 4 декабры ӕмӕ нымад у чырыстон дины нысаниуæгджын бæрæгбæттæй сæ иуыл.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны рӕстдинонтӕ майрӕмбоны нысан кæнынц чырыстон дины стырдӕр бӕрӕгбӕттӕй сӕ иу — Фырсыгъдæг Мадымайрæмы баконд аргъуанмæ. Уый фæдыл республикæйы аргъуанты уагъд æрцыдысты цытджын хуыцаумæскуывдтæ.

"Ацы бæрæгбон сæвзæрд чырыстон дины райдайæны. Кадæгмӕ гӕсгӕ, Сыгъдæг Марияйы ныййарджытæ, раст хъуыддæгтыл хæст Иоаким æмæ Аннӕйæн бирæ рæстæг нæ уыд зæнæг. Уыдон Хуыцаумæ куывтой, цæмæй сын радта зæнæг, кæцыйы снывонд кодтаиккой Сфӕлдисӕгӕн лæггад кæнынæн. Хуыцау сын фехъуыста сӕ куывд ӕмӕ сын райгуырд чызг Мария", — радзырдта Sputnik Алайнаг епархийы динамонæг фыд Симон.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Фырсыгъдæг Марияйыл æртæ азы куы сæххæст, уæд ныййарджытæ сæ дзырд сæххæст кодтой, цытджын æгъдауæй бакодтой сæ чызджы Иерусалимаг аргъуанмæ æмæ йæ æрлæууын кодтой аргъуанмæ цæуæг асинæн йæ быннаг къæпхæныл.

"Дарддæр æрцыд æнахуыр диссаг — сывæллон æнæ искæй æххуыс æмæ амындæй схызт асинтыл уæлæмæ. Æрæмбырдуæвджытæ бафтыдысты дисы, фыццагдинамонæг Захария та ныххæцыд Марияйы къухыл æмæ йæ бакодта аргъуаны æрфæнмæ, цыранмæ бахизыны бар нæ уыд æрмæст сылгоймæгтæн нæ, фæлæ хуымæтæг динамонджытæн дæр. Бахизыны бар уыд æрмæстдæр фыццагдинамонджытæн, уый дæр æрмæстдæр аз иу хатт", — банысан кодта фыд Симон.

Уӕдӕй нырмӕ чырыстон дуне ӕрвылаз дӕр 4 декабры нысан кӕны Фырсыгъдæг Мадымайрæмы аргъуанмæ баконд ӕмӕ нымад у нысаниуæгджын бæрæгбæттæй сæ иуыл.

Рæстдинон дзуар сиды ныййарджытæм, цæмæй ацы бон сæ сывæллæтты кæной аргъуанмæ æмæ сӕ чысылæй фæстæмæ хæст кæной чырыстон миниуджытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0