Спикер: парламент цӕттӕ у историон бынтӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй закъон фӕкарздӕр кӕнынмӕ

© Sputnik / Ада БагианӔдӕппӕт Хуссар Ирыстоны территорийыл ис 1200 историон цыртдзӕвӕны
Ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны территорийыл ис 1200 историон цыртдзӕвӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны территорийыл ис 1200 историон цыртдзӕвӕны. Сӕ фылдӕрӕн ЮНЕСКО банымадта сӕ ӕхсӕнадӕмон нысаниуӕг. Уыдонӕн сӕ фылдӕры ӕвӕстиатӕй хъӕуы реставраци, науӕд та консерваци кӕнын.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы культурон бынтӕ бахъахъхъӕныны амӕлттыл ӕруынаффӕ кодтой Цхинвалы зонадон конференцийы.

Цхинвалы ис тынг бирӕ культурон ӕмӕ историон цыртдзӕвӕнтӕ, кӕцыты, хъыгагӕг, рӕстӕг ӕмӕ хӕстытӕ ӕркодтой ӕдзӕллаг уавӕрмӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕры ӕвӕстиатӕй хъӕуы реставраци, науӕд та консерваци кӕнын.

Мадзалмӕ хуынд ӕрцыдысты зонадон кусджытӕ, парламенты ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, Цхинвалы историон цыртдзӕвӕнтӕм уазал цӕстӕй чи нӕ кӕсы, ӕппӕт уыцы цӕрджытӕ.

Кӕд мадзал уагъд цыд Цхинвалы цыртдзӕвӕнты бахъахъхъӕныны тыххӕй, уӕддӕр горӕты администрацийӕ ничи саккаг кодта конференцимӕ ӕрбацӕуын.

Культурӕйы министрады культурон бынтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл хайады хистӕр Табуты Нелли куыд банысан кодта, афтӕмӕй культурон бынтӕ уӕлдай хъахъхъӕнинаг сты аразджытӕй.

"Горӕты Ирӕтты уынгыл уӕвӕг аргъуан афтӕ сцалцӕг кодтой, ӕмӕ йӕм фӕлтау ӕвналгӕ дӕр куыннӕ бакодтаиккой. Цхинвалы уыд 25 аргъуаны ӕмӕ ма уыдонӕй чи баззад, уыдон бахъахъхъӕнынмӕ хъӕуы аздахын хъусдард", — банысан кодта уый.

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы зонадон конференци
Цхинвалы зонадон конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы зонадон конференци

Парламенты сӕрдар Бибылты Анатолий ныфс бавӕрдта, депутаттӕ цӕттӕ кӕй сты республикӕйы историон бынтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл закъондӕттӕн бындур фӕкарздӕр кӕнынмӕ.

"Цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл ис закъондӕттӕн бындур, фӕлӕ ма кӕд хъӕуа, уӕд парламент цӕттӕ у ноджы карздӕр закъӕттӕ райсынмӕ", — банысан кодта спикер.

Ӕдӕппӕт Хуссар Ирыстоны территорийыл ис 1200 историон цыртдзӕвӕны. Сӕ фылдӕрӕн ЮНЕСКО банымадта сӕ ӕхсӕнадӕмон нысаниуӕг.

Ахӕм конференцитӕ республикӕйы уагъд цӕуынц 2008 азӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0