Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон уырыссаг æмæ ирон порталтыл дарддæр кæны поэтикон эстафетæ Sputnik.Кастытæ. Проекты ног хайадисæг ссис УФ минæвар Хуссар Ирыстоны Карджиаты Эльбрус, кæцы равзæрста Къостайы уарзты лирикæйы шедевртæй иу — "Портрет".
Къарджиаты Эльбрус банысан кодта, Хетæгкаты Къостайы курдиат раджы кæй ахызт Ирыстон æмæ Кавказы фæлгæттæй, уый та фылдæрбæрцæй баст у уыимæ, æмæ йе ‘сфæлдыстады æвдыст кæй сты иумæйаг адæймагон æмæ культурон хæзнатæ.
"Къоста уыд ирон культурæ, ирон литературæйы цырагъ. Къоста æмхуызон аив æмæ курдиатджынæй фыста куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзагыл дæр. Мæ нымадмæ гæсгæ, Sputnik.Кастытæн ис стыр культурон аргъ, кæцы фадат дæтты ирон адæмы кадджын хъæбул — Хетæгкаты Къостаимæ базонгæ кæнын", — загъта минæвар.
Поэтикон эстафетæ байгом кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Нарек Ордян, кæцы равзæрста ацы проекты хайадисджыты кæй уацмыстæ æрбамбырд кодтой, уыцы Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ "Не верь, что я забыл родные наши горы…"
Проект Sputnik.Кастытӕ-йы нысан у бирӕполярон дунейы адӕмы кӕрӕдзимӕ феввахсдӕр кӕнын зындгонд поэтикон уацмыстӕ кӕсыны руаджы, кӕцыты ӕвдыст цӕуынц бындурон хӕрзиуджытӕ — уарзондзинад, цард, алфамблай дунейы рӕсугъддзинад. Райдыдта проект Кыргызстаны 2015 азы марты. Хайад дзы райстой бӕстӕйы хицауады минӕвӕрттӕ, ӕхсӕнады ӕмӕ аивады сгуыхт архайджытӕ. Августы ацы поэтикон эстафетӕ райста Sputnik Молдовӕ дӕр.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Оперативон ног хабӕрттӕй дарддӕр ма Sputnik йӕ аудиторийӕн дӕтты аналитикон ӕрмӕджытӕ, эксклюзивон интервьютӕ, экспертон хатдзӕгтӕ.