Ирон тырыса ӕрсадздзысты Уæрæсе æмæ Европæйы бæрзонддæр бынаты

© Sputnik / фото из архиваИрон тырыса ӕрсадздзысты Уæрæсе æмæ Европæйы бæрзонддæр бынаты
Ирон тырыса ӕрсадздзысты Уæрæсе æмæ Европæйы бæрзонддæр бынаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый уыдзæн дунейы фыццаг тагъд хæрдмæцыд Эльбрусы дыууæ цъупмæ.

ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Уæрæсе æмæ Европæйы бæрзонддæр бынаты хæрдмæ сисдзысты ирон тырыса. Уый уыдзæн дунейы фыццаг тагъд хæрдмæцыд Эльбрусы дыууæ цъупмæ дӕр, хъусын кæны 15 регион.

Хæрдмæцыд сараздзысты æмрæстæджы цалдæр кавказы республикæйы альпинисттæ. Экспедицийы скондмæ бацыдысты дæс спортсмены сæ капитан Рафаэль Рамазановы сæргълæудæй. Куыд этникон лекъагæн, афтæ уымæн ацы хæрдмæцыд у тынг нысаниуæгджын, уымæн æмæ дыууæ мæйы размæ райстгонд лекъаг тырыса фыццаг хатт сисдзысты европæйы бæрзонддæр цъупмæ.

Ирон тырысайæ дарддæр Эльбрусы дыууæ цъупмæ сисдзысты Уæрæсейы, Цæцæны республикæйы, Дагестаны æмæ Хъæрæсе-Балхъары тырысатæ. Экспедици Эльбрусы хохрæбынмæ араст уыдзæн æввахс бонты, тырысатæ та æрсадздзысты Уæрæсейы Конституцийы бон — 12 декабры.

Ног хабӕртты лентӕ
0